Республикæйæн разамынд дæтты 5 азы
Абон 66 азы æххæст кæны Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойыл. Республикæйæн разамынд дæтты 5 азы. Уыцы рæстæгмæ сæххæст кодта бирæ ахсджиаг хæстæ. Йæ фæллойадон биографи æнгом баст у æфсæддон карьерæимæ. æмæ, куыд зæгъы, афтæмæй йын уыцы фæлтæрддзинад æххуыс у политикон архайды. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Чысыл райгуырæн зæхмæ æрыздæхын, йæ райрæзтæн ног импульс радтынæн. Ахæм нысанæй 5 азы размæ райдыдта Сергей Меняйлойы фæндаг республикæйы сæргълæууæджы бынаты. Вице-адмирал, Севастополы фыццаг губернатор, Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Сыбыры федералон зылды, Цæгат Ирыстоны разамонæг. Йæ фæллойадон биографийы æнгом баст сты æфсæддон карьерæ æмæ паддзахадон службæ. Сергей Меняйло сахуыр разамынд дæттын карз уады уавæрты: куыд денджызы, афтæ сурзæххыл дæр.
Бæрзæндтæм йæ фæндаг райдыдта Кузнецовы номыл æфсæддон-денджызон академийæ æмæ Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты генералон штабы æфсæддон академийæ. Ацыд флоты скъола командæгæнæгæй вице-адмиралы онг. Ацы фæлтæрддзинад ын æххуыс кæны политикæйы дæр. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ тырнындзинад райста йæ фыдæй – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранæй. Ууыл сахуыр кодта йæхи сывæллæтты дæр.
Хицæн æргом – ног элитæмæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдиан бирæ азтæн сбæрæг кодта куысты нысан. Сергей Меняйлойы цæстдардæй республикæйы фидар кодта æцæг хæстон æфсымæрад. Арæзт æрцыдысты батальонтæ «Алани», «Шторм. Осетия», Плиты Иссæйы номыл полк. Абон республикæйы архайы сæрмагонд операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн æххуысы 37 мадзалы. Сæйрагдæр иу – цæрæнуæтты фарста. Программæмæ гæсгæ райдыдта 100 хæдзары арæзтад.
Ныры патриоттæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг арæнтæ чи хъахъхъæдта, уыдонмæ. Ацы темæ республикæйы сæргълæууæг сæрмагонд цæст дары. Хæсты хъæбатырты намыс хъахъхъæд цæуы. Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй ныр 6-æм аз арæзт цæуы акци «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс». Майы 10 бонмæ рекламон баннертæ æппæт республикæйы бацахсынц Цæгат Ирыстонæй рацæугæ фронтовикты хуызистытæ. Ацы аз сæвæрдтой 17 мин портретæй фылдæр. Дзæуджыхъæуæн, хæстон намысы горæтæн, Уæлахизы бон сæрмагонд бæрæгбон у. Ам 9-æм май куыд бæрæг кæнынц, уый тыххæй радзырдтой федералон эфиры.
Райрæзты ног къæпхæнмæ рахызт федералон центримæ æмархайд. 5 азмæ Сергей Меняйлойæн Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ уыд 6 официалон фембæлды. Уыдонæй 2 – ацы аз. Республикæйы разамынд ын радзырдта æнтыстдзинæдты æмæ риссаг фарстаты тыххæй.
Беслæны трагедийы намыс хъахъхъæнын æмæ хъыгдардбаййафджытыл аудындзинад райста ног хуыз. Ацы аз 110 милуан сомæй фылдæр æрвыст æрцæудзæн мемориалон комплекс «Зæдты горæт» саив кæнынæн. 2030-æм азмæ адарддæр кодтой теракты хъыгдардбаййафджыты комплексон реабилитацийы программæ. Дзæбæх кæнынæн хæрдзтæ фæфылдæр кодтой 57 æмæ *рдæг милуан сомы онг. Уый фæрцы теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдоны сывæллæттæ программæмæ хаст æрцыдысты æмæ аххæссыд 281 адæймагыл.
Цæгат Ирыстоны сæргъы 5 азы. Сæдæгай æххæстгонд хæстæ æмæ ног, ноджы стырдæр нысантæн бындур. Йе 66 азыл Сергей Меняйло æмбæлы æххæст тыхæй куысты уæвгæйæ.




