филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:09 вторник, 03 ноября 2026
22 августа 2026, 14:27
«Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы схорзæхджын кодтой республикæйы æфсæддон-патриотон куыстмæ йе вæрæн чи хæссы, уыцы адæмы

Бахыгътой проект «Фыдыбæстæйы уарт»-ы рæстæмбис хатдзæгтæ дæр. æххæстгонд цæуы «Фыццæгты змæлд»-ы гранты æххуысы фæрцы дыккаг аз.

«Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы схорзæхджын кодтой республикæйы æфсæддон-патриотон куыстмæ йе вæрæн чи хæссы, уыцы адæмы. Бахыгътой проект «Фыдыбæстæйы уарт»-ы рæстæмбис хатдзæгтæ дæр. æххæстгонд цæуы «Фыццæгты змæлд»-ы гранты æххуысы фæрцы дыккаг аз. Йæ сæйраг хæс — практикон ахуырты æмæ æфсæддон историимæ зонгæ кæныны фæрцы сывæллæтты патриотизммæ разæнгард кæнын. æрмæст практикæйыл программæ нæ ахицæн вæййы. Архайджытæн скæнынц экскурситæ, Фыдыбæстæйы историимæ баст чи у, ахæм зæрдылдарæн бынæттæм. Ацы аз «Фыдыбæстæйы уарт» аххæсыд республикæйы 9 мин скъоладзауæй фылдæрыл. Ахуыртæм раздахынц фæлтæрдджын хъомылгæнджыты æргом, сывæллæттæн радтынц бирæ зонындзинæдтæ. Проект аразджыты хъуыдымæ гæсгæ ахæм мадзæлттæ бæстæйы фидæнмæ хæссынц ахадгæ вæрæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania