Йæ сæйраг куысты фæстæ, изæрыгæтты йæ хæдзары *рбады хуыйæн машинкæйы раз
Цæгат Ирыстон дæрддæр йе *ххуысы хай хæссы хæстонтæн. Бархионтæй иу — нæ сюжеты хъайтар Тускъаты Эльвирæ. Уый æфсæддонтæн æрвиты алыхуызон быд æмæ хуыд дзаумæттæ. Йæ сæйраг куысты фæстæ, изæрыгæтты йæ хæдзары *рбады хуыйæн машинкæйы раз. Тускъаты Эльвирæ æмгуыстад кæны куыстуат «Согрей солдата»-имæ. Бæстондæр хабæрттæ радзуырдзæн Чехойты Фатимæ.
Боныгон Тускъаты Эльвирæ у æрæфы районы æвзарæн къамисы сæрдар. Фæскуыст та йын йæ хæдзары райдайы фæллойы дыккаг фæлтæр — быйæн спицæтимæ æмæ хуыйæн машинæимæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ Цыколайы цæрæг æххуыс кæны æфсæддонтæн — æрвиты сын йæхи къухтæй конд дзаумæттæ. æмгуыстад кæны бархионты организаци «Согрей солдата» -имæ. Уый тыххæй бакасти газеты, базонгæ координаторимæ, аныхас кодта æмзонд адæмимæ æмæ йæхæдæг дæр сси къорды хай. æцæг, архайы йæ хæдзары, афтæ бæрнон кусæгæн æнцондæр у бархион уæвын.
Скъолайы цы фæлтæрдтæ райста, уыдон ныр æххуыс сты æфсæддонтæн. Тускъаты Эльвирæ зоны хуыйын æмæ быйын. Хæстмæ æрвиты цъындатæ æмæ æрмкъухтæ, базтæ æмæ уæлæдарæс. æрмæст хи быд цъындатæ арвыста цалдæр сæдæйы бæрц.
Хъæугæ æрмæг бархион балхæны йæхæдæг. Быйынæн æндахмæ ацæуы Кæсæг-Балхъары республикæмæ. Ацы архайд ын хуымæтæг æрмдæсныйад нæу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, иуварс лæууын йæ бон нæ бацис. æмбары: фидар фæсчъылдым — æфсæддонтæн æххуыс, сæ размæ цы хæстæ лæууы, уыдон æххæст кæнынæн.
Гуманитарон æххуыс бахæццæ вæййы алы æфсæддон хæйттæм. Хæстонтæ арфæтæ фервитынц æмæ фæзæгъынц, дзаумæттæ сæ тынг хъæуынц, зæгъгæ. Ныртæккæ бархионтæ æмбырд кæнынц æххуысы радон хай. Сæ фарсмæ æрбаллæууын у алкæйы бон дæр. Организаци «Согрей солдата» кусы Дзæуджыхъæуы ДООСАФы.




