Ууыл æмæ цардархайды æндæр фарстатыл ныхас цыди аппаратон æмбырды
Цæгат Ирыстоны ацы æртæ боны фæкарздæр кæндзысты æдасдзинады мадзæлттæ. Ууыл æмæ цардархайды æндæр фарстатыл ныхас цыди аппаратон æмбырды. Ацы куыст цæуы мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы министрады, Уæрæсейы гвардийы æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады æмархайдæй. Алы скъолайы дæр уыдзæни хицæн бæрнон цæстдарджытæ. «Зæдты горæты» мемориалы цы куыстытæ конд æрцыди, уыдоны хæрзхъæддзинадмæ специалисттæ ссардтой аиппдзинæдтæ. Саударæн мадзæлтты фæстæ сыл аразджытæ ногæй бакусдзысты. æмбырды ныхас цыди артаджы уавæрыл дæр. Раздæрау Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн артаг иу хаттæн 50 литрæй фылдæр нæ дæттынц. Зымæгмæ цæттæгонд цæуынц бирæфатерон хæдзæртты пъадвалтæ дæр. Куыстытæ фæуыдзысты 1-æм октябры онг. Сергей Меняйло бахæс кодта, электрон хызты лæггæдтæй æнæзакъонæй пайда кæныны хъуыддагмæ карздæр цæст æрдарын. Фылдæр закъонхæлдтытæ кæм уа, уырдæм рейдтæ фæарæхдæр уыдзысты.




