Ацы горæт дæр сси террористты мысан 1999-æм азы
Саударæн вахтæйы размæ мемориалон комплекс бабæрæг кодтой скъоладзаутæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ Буйнакскæй. Ацы горæт дæр сси террористты мысан 1999-æм азы. Делегаци федта терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон центр «Беслæн. 1-æм скъола». Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Рæсугъд фидæныл хъуыдытæ, хъæлдзæг ныхæстæ æмкъласонтимæ… Аскъуыдта сæ хæцæнгарзы æхст. Трагеди ныууагъта арф фæд Цæгат Ирыстоны историйы. Адæмы никуы ферох уыдзæн 334 -æй кæй фæмард сты, уыдонæй 186 — сывæллæттæ кæй уыдысты, уый. 22 азы дæргъы 1-æм сентябрь бæрæгбон нæу, фæлæ саударæн вахтæ. æмæ æрмæст республикæйы нæ, фæлæ бæстæйы иннæ рæгионы дæр. Зæгъæм, Дагестаны.
Сыхаг республикæйы цæрджытæ ацы зындзинад махимæ банкъарынц алы аз дæр. Буйнакскæй скъоладзаутæ, ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ саударæн вахтæйы размæ бабæрæг кодта фыццæгæм скъола. Беслæны раздæры фыццæгæм скъолайы кæртмæ бакъахдзæф кæнын уыдис зын, зæгъынц уазджытæ. æппæты разæй уыдысты спортивон залы. Йæ къултыл бæрæг дарынц хæцæнгæрзты æмæ срæмыгъдтыты фæдтæ, фенæн сыл ис, амынæты бахауджытæй йæ цард кæмæн акъуыд, уыдоны къамтæ.
Терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон центр «Беслан. Школа №1»-ы уазджытæм æнхъæлмæ кастысты æвирхъау цау кæй баиу кодта, уыцы агъуыстытæ. Математикæйы, уырыссаг æвзаджы, биологи æмæ химийы кълæстæ. Экспонаттæм кæсгæйæ, уазджытæн сæ цæстытæ доны зылдысты. Сывæллæтты дзаумæттæ, дзабыртæ, нывтæ, тетрады сыфтæ, чингуытæ, суанг ма къафетты цъæрттæ дæр — ам алцыдæр зæрдыл лæууын кæны, адæмы хъæлдзæг цард куыд аскъуыд, уый.
Хъæбатырæй сæхи дардтой сывæллæттæ дæр. Фервæзынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ дæр, æнцад нæ бадтысты. Сæ бон цас уыдис, уыййас æххуыс кодтой æмгæрттæн, ахуыргæнджытæн, ныййарджытæн.
Иннæ агъуысты уазджытæ бæлвырд базыдтой сæрмагонд оргæнты кусджыты хъæбатырдзинады тыххæй. Уыдон Беслæнмæ æрцыдысты теракты фыццаг сахаты. Срæмыгъдтыты рæстæг, сæхи буæрттæ сывæллæтты æмæ хистæрты æмбæхсгæйæ, æддæмæ сæ къухтыл хастой цæфты. Уазджытæн бæстон радзырдтой Максим æмæ Дмитрий Разумовскиты тыххæй.
Дарддæр фыццæгæм уæладзыджы уазджытæ базыдтой террористты тыххæй хабæрттæ. Бæлвырддæр та сылгоймæгты тыххæй. Иу дзы фæмард, кæртмæ цæугæйæ, дуары цур. Уæдæй нырмæ уыцы бынат у дзыхъгонд.
Трагедийы архайджытæ, стæй йæ хиуæтты цард ам кæмæн аскъуыд, уыдон ахуыр кæнынц дарддæр цæрын. Беслæны сывæллæтты хъæлæстæ зæлынц сыфтæрты уынæры Хъыджы бæласы раз. æмбарын кæнынц, куыд ахсджиаг у дунейы сабырдзинад хъахъхъæнын, уый.




