филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:08 пятница, 04 сентября 2026
03 сентября 2026, 11:24
Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейæйы уыд терроризмы ныхмæ тохгæнджыты бонимæ баст акци

Беслæны трагедийы амынæты уæвджыты номыл мемориалы цур æвæрд æрцыди дидинджытæ æмæ цырæгътæ

Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейæйы уыд терроризмы ныхмæ тохгæнджыты бонимæ баст акци. Беслæны трагедийы амынæты уæвджыты номыл мемориалы цур æвæрд æрцыди дидинджытæ æмæ цырæгътæ. Номарæн мадзалы архайдтой адæмты хæлардзинады Хæдзары уæнгтæ,  студенттæ, æхсæнадон активисттæ, хæстон цауты архайджытæ. Æрымысыдысты Беслæны теракты чи фæмарди, уыцы сывæллæтты, сæ ныййарджыты, ахуыргæнджыты æмæ тыхы структурæты минæвæртты ном. Акци аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзæлттæ хъæуынц, цæмæй æрыгон фæлтæр хъуыды кæной истори, стæй терроризмæ цы фæзындтæ расайынц, уыдонæй зоной хи хъахъхъæнын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania