Нывгæнæгæй домы æрмæст дæсныйад нæ, фæлæ миддунейы хъæздыгдзинад
Аивадæй егъаудæр æмæ уæлвонгдæр. Дзуæртты нывтæ фыссын — уды фæллой. Нывгæнæгæй домы æрмæст дæсныйад нæ, фæлæ миддунейы хъæздыгдзинад. Дзуæртты нывтæ фыссæг Айларты Олланæ дарддæр хæццæ кæны сæрмагонд аивады традицитæ, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Епархийы разамынд дæтты студийæн, йæ куыстытæ лæвар кæны республикæйы аргъуантæн. Нывгæнæгимæ фембæлд нæ уацхæссæг. Ныхасы бар Чехойты Фатимæйæн.
Дзуæртты нывтæ фыссын Айларты Олланæйæн бæлвырд нысан нæ уыдис. æвзонг чызгæй ахуыр кодта аивæдты лицейы. Уæгъд рæстæг та кастис чингуытæ нывкæнынады историйæ. Рагон фрескæтæ æмæ зындгонд Дзуæртты нывтæ фысджыты куыстытæ йын уыдысты уæлдай цымыдисагдæр. Уæд аивады дунемæ бакъахдзæф кæндзæн, уый æнхъæл нæ уыдис — афтæ зын у йæ техникæ. Фæстæдæр, ЦИПУ-йы ахуыргæнгæйæ, йæ цымыдисдзинад уæрæхдæр кодта. 18 азы йыл куы сæххæст, уæд Олланæ арæхдæр райдыдта аргъуанмæ цæуын, уæд сфæнд кодта йе сфæлдыстад Дзуæртты нывтæ фыссынимæ бабæттын. Бафæндыд æй профессионалон зонындзинæдтæ райсын, æмæ ахуырмæ бацыд Мæскуыйы дины академийы Дзуæртты нывтæ фыссыны скъоламæ.
Ныртæккæ йе *рмадзы куыст цæуы, Дзæуртты нывтæ фысджытæ йæ æнусты дæргъы куыд æххæст кодтой, афтæ. Суанг ма ахорæнтæ дæр Айларты Олланæ саразы æрдзон æрмæджытæй. Бындурæн райсы айчы бур, иннæ хуызтæ та скæны минералон ахорæнтæй. Ахæм техникæ домы æрмæст зонындзинæдтæ нæ, фæлæ егъау быхсондзинад: куысты алы къæпхæн дæр æххæстгонд цæуы хи къухтæй, фæд фæдыл сабыргай.
Айларты Олланæ йæ зонындзинæдтæ зæрдиагæй лæвар кæны, Дзуæртты нывтæ фыссыны дæсныйадимæ зонгæ кæнын чи райдыдта, уыдонæн. 2022-æм азы Дзæуджыхъæуы Епархийы байгом кодта студи. Цæттæ дзы кæнынц Мæскуыйы дины академийы фидæны студентты. Уæдæй нырмæ уыцы ахуыргæнæндоны студенттæ систы йе *ртæ ахуыргæнинаджы. Ацы аз конкурс уыд стырдæр. Ног ахуыры азмæ бантыст 9 адæймаджы равзарын.
Олланæйы куыстытæ — 50-йы бæрц. Сæ иу хай ссардта бынат Цæгат Ирыстоны аргъуанты — Дигорайы, Бирæгъзæнджы, Дзæуджыхъæуы, стæй Беслæны мемориалон комплексы. Ныртæккæ нывгæнæджы размæ ис ног хæс — Сыгъдæг Нинæйы аргъуанæн 2 Дзуары нывы ныффыссын




