филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:03 среда, 09 сентября 2026
05 сентября 2026, 11:04
120 азы сæххæст Мæздæджы районы станица Павлодольскæйы аргъуаныл

Бындур æвæр ын æрцыди 1906-æм азы

120 азы сæххæст Мæздæджы районы станица Павлодольскæйы аргъуаныл. Бындур æвæр ын æрцыди 1906-æм азы. Кувæг адæм æм цыдысты цалынмæ хæст нæ райдыдта, уæдмæ. Немыц станицæ æхсын куы райдыдтой, уæд та иу нæмгуытæй æмбæхстысты аргъуаны фидар къулты фæстæ. Фæстæдæр бæстхай ныппырх, сног æй кодтой 2007-æм азы. Хъазахъхъæгтæ æмæ хæрзаудæн æххуысы фæрцы аргъуан ногæй скуыста, сцалцæг ын кодтой йæ къултæ, ногæй йын сарæзтой йæ сæр. Юбилейон службæ сæмбырд кодта станицæйы цæрджыты æмæ уазджыты. Хуыцаумæ скуывды фæстæ уырнæг адæм скодтой дзуæрттимæ цыд. Аргъуан куы сног кодтой, уæдæй фæстæмæ дзы кусы хуыцаубонты скъола дæр. Ахуыр дзы кæнынц чырыстон дины æууæлтæ, станицæйы истори бындуронæй, стæй дзы ис æрмдæсныйады къордтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania