10 сентября 2026, 10:53
Æрæфы районы фыццæгæмкъласонтæ ног ахуыры азмæ райстой лæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Мараты номæй
Ацы аз районы фыццаг хатт партæты уæлхъус сбадтысты 125 ахуырдзауы
Æрæфы районы фыццæгæмкъласонтæ ног ахуыры азмæ райстой лæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны президенты хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Мараты номæй. Ацы аз районы фыццаг хатт партæты уæлхъус сбадтысты 125 ахуырдзауы. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ баныхас кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны разамонæг рахаста уынаффæ, фыццæгæмкъласонты зæрдæтæ барухс кæнын. Скъоладзаутæн радтой канцелярон товартæ. Хъамболты Марат кæддæриддæр стыр æргом здæхта ахуырады системæйы рæзтмæ. Дæнцæгæн зæгъдзыстæм уый, æмæ йæ хъæппæрисæй Хæзныдоны байгом кодтой Курчатовы номыл кълæстæ.




