филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:45 понедельник, 02 ноября 2026
15 сентября 2026, 10:36
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд

Архайдтой дзы æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты æмæ муниципалон скондты разамонджытæ, барадхъахъхъæнæн æмæ тыхы структурæты минæвæрттæ

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Архайдтой дзы æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты æмæ муниципалон скондты разамонджытæ, барадхъахъхъæнæн æмæ тыхы структурæты минæвæрттæ. Ивгъуыд къуырийы оперативон уавæр у æмбæлгæ уагыл. Æнæнхъæлæджы уавæртæ не руадзыны фæткмæ республикæ у цæттæ. 5 районы 32 цæрæн пункты территорийы кусы зынгсирвæзтытæ не руадзыны фæтк. Ивгъуыд къуыримæ зынгхуссынгæнджытæ скуынæг кодтой 47 зынгхуысты. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы бахыгътой 47 цауы. Уыдон æвæстиатæй аиуварс кодтой аварион службæтæ. Хыгъд ма æрцыдысты 107 фæндаггон фыдбылызы. Арвы комы фæндагыл машинæты фæтк цæуы æнæкъуылымпытæй. Кæронмæ фæхæццæ кæны æвзарæн участоктæ цæттæ кæныны куыст. 16-æм сентябры æппæт æвзарæн къамистæм бахæццæ уыдзысты бюллетеньтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania