Сæвæрдтой йæ, актрисæ кæм царди, уыцы Дзанайты Иваны уынджы номыл 18-æм хæдзары къулыл
Дзæуджыхъæуы номарæн фæйнæг байгом кодтой Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ Хъæрджынты Варварæйæн. Сæвæрдтой йæ, актрисæ кæм царди, уыцы Дзанайты Иваны уынджы номыл 18-æм хæдзары къулыл. Фæйнæг байгом кæныны кадджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты Хъæрджынты мыггаджы минæвæрттæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты студенттæ, скъоладзаутæ, культурæйы архайджытæ. Хъæрджынты Варварæ у ирон театралон аивады ирддæр минæвæрттæй иу. Бирæ азты дæргъы лæггад кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры сценæйæн. Цы сурæттæ сарæзта, уыдонæй стыр æвæрæн бахаста национ театры рæзтмæ. Йæ аивадон архайды тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд паддзахадон хæрзиуджытæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæйы номæй. Номарæн фæйнæг ма байгом кодтой йæ фыд, зындгонд этнограф Хъæрджынты Савелийæн дæр.




