Къорды хыгъды сты хæстон цауты ветерантæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ныййарджытæ æмæ бинойнæгтæ
Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 40 уырнæг адæймаджы Стъараполы крайæ. Къорды хыгъды сты хæстон цауты ветерантæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ныййарджытæ æмæ бинойнæгтæ, стæй æбæрæгæй чи фесæфт, ахæм службæгæнджыты хæстæджытæ. Бабæрæг кодтой аргъуантæ, моладзандонтæ, базонгæ сты нæ республикæйы чырыстон дины сыгъдæг бынæттимæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Фыд æмæ фыртæн дæрддзæг уæвын цæлхдур нæу. Кæд дзы иу йæ цардæй ахицæн, уæддæр мысинæгтæ зæрдæты цæрынц. Диктофонæй хъуысы Вадим Богдановы фырты хъæлæс. Кæсы æмдзæвгæ йæ фыды тыххæй. Вадим уыдис 247-æм полчы десантник, фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонты. Йæ мад Иринæ дзуры йæ фырты тыххæй, ныййарæджы зæрдæйы цæрынц Вадимы цардимæ баст мысинæгтæ.
Вадимыл цыдис 28 азы. Фæмард, йе *фсæддон хæлæртты, знаджы нæмыгæй хъахъхъæнгæйæ. Йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Лæгдзинады орденæй æмæ Жуковы номыл майданæй. Ныр Иринæ æххуыс кæны æфсæддонтæн, архайы бархионты змæлды. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæрынæн ын тых дæтты дин.
Иринæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдис, ам æххуыс æмæ æнцойдзинад чи агуры, уыдонимæ. Старапъолы крайæ республикæйы сты 40 уæрнæг адæймаджы – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты мадæлтæ æмæ бинойнæгтæ, хæстон цауты ветерантæ, стæй чи фæмард æмæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны хæстæджытæ. Сæ маршруты фыццаг бынат уыдис сылгоймæгты моладзандон. Ам сыл фембæлд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасим. Йæ раныхасы сын фæдзæхста, цы зындзинад сыл æрцыдис, уымæй адæмы кæрæдзиуыл чи бæтты, ахæм тых куыд рауайын кæной, уый.
Уырнæг адæм фæнд кæнынц Дзæуджыхъæуы аргъуантæ æмæ нæлгоймæгты Алайнаг моладзандон бабæрæг кæнын, фенын чырыстон дины хæзнатæ, стæй Цæгат Ирыстоны дины традицитимæ базонгæ уæвын. Балцы рæстæг ахсджиаг сты æрмæст ног бынæттæ æмæ зонындзинæдтæ нæ, фæлæ кæйдæр зындзинад чи *мбары, ахæм адæмимæ фембæлдтытæ дæр.
Уырнæг адæмы балц рауад Стъараполы крайы «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды руаджы Стъараполы митрополийы æмæ Цæгат Ирыстоны «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды хайады æххуысæй. Ахæм маршруттæ хъæуынц, цæмæй адæм кæрæдзиимæ æмбæлой, ныхас кæной, ног бынæттæй исой арф æнкъарæнтæ, цæмæй сæм ногæй фæзына тых цæрынæн.
Ацы адæмæй алкæмæн дæр ис йæхи истори, фæлæ дин æмæ мысинæгтæ сын хæссынц æнцойдзинад. Цалынмæ æдзард хæстонты нæмттæ цæрынц сæ хиуæтты зæрдæты, сæ фарсмæ та сты, æххуыс сын чи кæны, ахæм адæм, уæдмæ сæ дарддæр хоны царды фæндаг.




