филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:25 понедельник, 02 ноября 2026
29 сентября 2026, 10:34
Цæгат Ирыстоны артаджы станцæтæм дыккаг къуыри æнæкъуылымпыйæ ласынц артаг

Уый тыххæй дзырдтой æрвылкъуырион аппаратон æмбырды

Цæгат Ирыстоны артаджы станцæтæм дыккаг къуыри æнæкъуылымпыйæ ласынц артаг. Уый тыххæй дзырдтой æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады информацимæ гæсгæ, ацы къабазы стырдæр компанитæй иуимæ бафыстой бадзырд алы мæй дæр уæлæмхасæнæй 92-æм маркæйы бензины 50 тоннæйы ласыны фæдыл. Сергей Меняйло бахæс кодта, артаджы æргътæм æмæ станцæты раз фæткæвæрдмæ лæмбынæг цаст дарын. Ныхас цыд республикæйы эпидемиологон уавæрыл дæр. Скъолаты æхснырсæгæй рынчынты æмвæзад у – 10 проценты, сывæллæтты рæвдауæндæтты – 12 проценты. Уый тыххæй загъта кодта ахуырады æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбекты Эллæ. Радзырдта ма, Цæгат Ирыстоны та кæй уыдзæн скъоладзауты Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн историйæ. Сергей Меняйло ма фехъусын кодта, Фæлхасадмæ цæстдарды федералон службæимæ кæй æрдзырдта, управленийы ныры разамонæг Тыбылты Аланы хæстæ адарддæр кæныны фæдыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania