филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:47 понедельник, 02 ноября 2026
01 октября 2026, 10:52
Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеяйы байгом кодтой цыртдзæвæн Уæрæсейы Хъайтар Тыбылты Маратæн

Хъæбатырæй фæмард, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, 2025-æм азы мартъийы

Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеяйы байгом кодтой цыртдзæвæн Уæрæсейы Хъайтар Тыбылты Маратæн. Хъæбатырæй фæмард, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, 2025-æм азы мартъийы. Цыртдзæвæн байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд хъæбатыры æфсымæры фырт, Уæрæсейы национ гвардийы Саратовы æфсæддон институты 1-æм курсы курсант Тыбылты Аслæнбегæн æмæ Уæрæсейы гвардийы Цæгат Кавказы зылды командæгæнæджы 1-аг хæдивæг, инæлар-майор Козаты Павелæн. Кадджын мадзалы архайдтой Хицауады сæрдар Дзанайты Барис, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасим, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, æфсæддонтæ, Тыбылты Мараты æмслужбæгæнджытæ, йæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæ. æрымысыдысты йын йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania