Вахтанговы Хæдзары айхъуыстысты, Къостайы æмдзæвгæтæ æмæ йæ уацмыстыл фыст зарджытæ
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады изæр. Вахтанговы Хæдзары айхъуыстысты, Къостайы æмдзæвгæтæ æмæ йæ уацмыстыл фыст зарджытæ. Кадджын уазджыты хсæн уыд поэт æмæ тæлмацгæнæг Рубен Дарио Флорес Арсила Колумбийæ. Ирон фыссæджы сфæлдыстадимæ рагæй зонгæ у. Суанг ма йын йе мдзæвгæты æмбырдгонд дæр испайнаг æвзагмæ ратæлмац кодта. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн бæстондæр.
Ныр сæдæ азæй фылдæр Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ иу кæнынц адæмы. Ацы изæр дæр æрæмбырд сты, номдзыд ирон поэты сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, ахæм адæм.
Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон литературæйы бындурæвæрæджы уацмыстæ дунейы бирæ æвзæгтæм тæлмацгонд сты. Ацы темæ мадзалы дæр сси сæйраг. Къостайы «Ирон фæндыр» радон хатт рахызт æвзæгты арæнтæй æмæ сдзырдта испайнаг æвзагыл. æмдзæвгæтæ ратæлмац кодта колумбийаг фыссæг, поэт Рубен Дарио Флорес Арсила. Аивадуарзджытæн радзырдта ирон культурæмæ йын цы ахаст ис, уый тыххæй. Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт ис. Фæлæ Къостайы сфæлдыстадимæ рагæй у зонгæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын æхсызгон у, республикæ бабæрæг кæнын.
Мадзалы уыдысты республикæйы культурæйы кусджытæ, фысджыты æмæ кинематографистты Цæдисты минæвæрттæ, стæй Колумбийы Уæрæсейы минæварадæй уазджытæ. Се ппæты хъуыды уыд иу: ахæм цаутæн ахсджиаг нысаниуæг ис, Цæгат Ирыстоны культурон бынтæ хъахъхъæныны фарстайы.
Рæстæгимæ Хетæгкаты Къостайы аивадон бынты ахадындзинад нæ къаддæр кæны. Сты æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт дунейы аргъ хæзна. Испайнаг æвзагмæ тæлмац та у, йе сфæлдыстады ног къахдзæф æнусмæ.




