Йæ бынаты аразынц ног. Уыдзæн иу хайæ конд, змæлды 2 рæнхъимæ æмæ фæстæгцæуджытæн ахизæнтимæ
Къостайы æмæ Кировыхъæуты хсæн хид æххæстæй райхæлдтой. Йæ бынаты аразынц ног. Уыдзæн иу хайæ конд, змæлды 2 рæнхъимæ æмæ фæстæгцæуджытæн ахизæнтимæ. Бындурон цалцæг фæуыны фæнд кæнынц ацы азы кæрон. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Къостайы æмæ Кировыхъæуты хсæн хид ног кæнын райдыдтой августы кæрон. Уыцы рæстæгмæ зæронд объект æххæстæй райхæлдтой æмæ бавнæлдтой ног аразынмæ. Специалисттæ кусынц цæугæдон Чернаяйыл. Доны объект процесс нæ хъыгдары. Фæндаггон кусджыты ныхæстæм гæсгæ, архайынц нысангонд фæткмæ гæсгæ.
Донбылы æфсæнбетон цæджындзтæй фæстæмæ ма специалистты хъæуы сæвæрын быцæугæнæн къултæ дæр. Уый хиды конструкци бахъахъхъæндзæн донхæрдæй. Ног арæзтад уыдзæн иу хайæ конд. Йæ дæргъ – 18 метры. Проектмæ гæсгæ уыдзæн транспортæн змæлды 2 рæнхъы æмæ фистæгцæуджытæн ахизæнтæ, стæй дониуварсдзæуæн системæ. Базилдзысты хидмæ бацæуæнтæм дæр.
Хид кæм ис, регионты хсæн уыцы фæндагмæ базылдысты цалдæр азы размæ. Уæд проекты хиды цалцæг нысангонд нæ уыд. Æмтгæй райсгæйæ, фæстаг цалдæр азмæ Цæгат Ирыстоны ахадгæйæ ног кæнынц фæндаггон инфраструктурæ. Йæ хыгъды хидтæ дæр. Ацы аз куыстытæ цæуынц 9 ахæм объектыл.
Ног хидыл машинæтæ цæуын райдайдзысты ацы азы кæрон. Йæ габариттæм гæсгæ, дзуапп дæтдзæн ныры фæндагæн. Бындурон цалцæг æххæстгонд цæуы национ проект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ. Арæзтадон организацийæн объект зын нæу. Фарон ма ног кодтой «Алагир-Црау-Урсдон»-ы фæндагыл хид.




