филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:25 понедельник, 02 ноября 2026
03 октября 2026, 10:28
Цыколайы арæзт æрцæудзæн Цæрикъаты Тарасы хæрзиуджытæ рамбулыны 10-æм республикон турнир

Архайынц дзы 7 командæйы

Абон æмæ райсом Цыколайы арæзт æрцæудзæн, футболон клуб «Алани»-йы раздæры капитан, Цæрикъаты Тарасы хæрзиуджытæ рамбулыны 10-æм республикон турнир. Архайынц дзы 7 командæйы. Хъæзтытæ цæудзысты Цыколайы стадионы. Цæрикъаты Тарасы призтæ рамбулыны турнирмæ æрвылаз фенхъæлмæ кæсынц футболуарзджытæ. Футболон клуб «Алани»-йы раздæры уæнг, Казахстаны «Актобе»-йы æрдæгхъахъхъæнæг, абон спорты райрæзтыл  фæзминаг кусæг Царикъаты Тарасæн йæхæдæг дæр йæ  футболмæ æмхицдзинад равдыста сабийæ. Тарасы хуындмæ гæсгæ мадзалы бацархайдзысты  футболон клуб «Алани»-йы командæйы раздæры футболисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania