филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:21 воскресенье, 11 октября 2026
10 октября 2026, 11:00
Акци «Ныссадз Хъæбатыры бæлас» арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы 33-æм скъолайы

Кипарисы дыууæ талайы систы, ацы скъолайы рауагъдонтæ Алыккаты-Хъæстуаты Георгийы æмæ Æлборты Шалвайы хъæбатырдзинады нысан

Акци «Ныссадз Хъæбатыры бæлас» арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы 33-æм скъолайы. Кипарисы дыууæ талайы систы, ацы скъолайы рауагъдонтæ Алыккаты-Хъæстуаты Георгийы æмæ Æлборты Шалвайы хъæбатырдзинады нысан. Дыууæйæ дæр фæмардысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Æдзард хæстонты ном зæрдылдаргæйæ хъахъхъæнынц сæ уарзон скъолайы. Ныридæгæн дзы байгом кодтой хъæбатырты партæтæ. Номарæн акцийы архайдтой скъолайы ахуырдзаутæ æмæ педагогтæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, бархионты организацийы уæнгтæ, стæй æдзард æфсæддонты хæстæджытæ. Минут æдзæмæй алæугæйæ, æрымысыдысты хъæбатырты рухс нæмттæ. Алы бæласы раз дæр сæвæрдтой сæ номимæ фæйнæджытæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ мадзал арæзт æрцыд 33-æм скъолайы администрацийы æмæ 19-æм мысанæхсæн дивизийы хъæппæрисæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania