филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:38 понедельник, 02 ноября 2026
20 октября 2026, 10:32
Дзæуджыхъæуы цæуы Осетинскийы уынджы рацарæзт

Хæлд фæндаг æмæ дондзæуæн системæйы скъуыдтæ арæх æндадзинаг кæй уыдысты, уымæй бынæттон цæрджытæ бирæ азты тыхстысты

Дзæуджыхъæуы цæуы Осетинскийы уынджы рацарæзт. Хæлд фæндаг æмæ дондзæуæн системæйы скъуыдтæ арæх æндадзинаг кæй уыдысты, уымæй бынæттон цæрджытæ бирæ азты тыхстысты. Коммуналон хызтæ баивтой, рацарæзтой хæдзæртты рацæуæнтæ, ныр архайынц тротуартыл æмæ фæндагыл ног уæлцъар æвæрыныл. Куыстытæ фæуынвæнд кæнынц цыбыр рæстæгмæ. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Осетинскийы уынг дæсгай азты *нхъæлмæ каст йæ рацарæзтмæ: фæндаджы уæлцъар пырх кодта, дзыхъхъытæй кæцыдæртæ бампъызтой, фæлæ сыл бонæй бон *фтыдысты ногтæ. Уавæр фæкарздæр кодтой дондзæуæн системæйы скъуыдтытæ. Алы аварийы рæстæг дæр-иу бахъуыдис цалцæггæнæн бригадæтæм бадзурын, æмæ та-иу уыдон фæндаг ногæй скъæхтытæ кодтой.
Ныртæккæ уынг сабыргай йæ хуыз ивы. Донуадзæн системæйы специалисттæ баиу кодтой ног хызтæ, фæндаг аразджытæ та ныффидар кодтой бордюртæ, рацарæзтой хæдзæрттæм базилæнтæ. Ныр æххæст кæнынц кæронбæттæн куыстытæ.

Уынг сцалцæг кæныны тыххæй цæрджытæ дзырдтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды кандидаттимæ фембæлды рæстæг. 2025-æм азы депутаттæ курдиат балæвæрдтой профилон министрадмæ æмæ горæты администрацимæ. Дондзæуæн хыз бахастой рацарæзты программæмæ, фæндаджы цалцæг та нысангонд æрцыдис муниципалон бюджеты хардзæй.

Куыстытæ æххæстгонд цæуынц цæрджыты курдиæттæм гæсгæ. Цалцæджы фæстæ уынджы фæнд кæнынц ног бæлæстæ æмæ къудзитæ ныссадзын. Афтæмæй тагъд рæстæг Осетинскийы уынг йæ хуыз скалдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania