филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:07 вторник, 03 ноября 2026
21 октября 2026, 10:38
Цалынмæ не мзæххон æфсæддонтæ тохы быдыры сты, уæдмæ сæм æнхъæлмæ кæсынц хæдзары, æмæ сын архайынц алывæрсыг æххуыс кæныныл

Цæгат Ирыстоны волонтерты змæлд «Шьем и вяжем для наших»-ы уæнгтæ баиу сты, цæмæй æххуыс кæной, нæ бæстæ чи хъахъхъæны, уыдонæн

Цалынмæ не мзæххон æфсæддонтæ тохы быдыры сты, уæдмæ сæм æнхъæлмæ кæсынц хæдзары, æмæ сын архайынц алывæрсыг æххуыс кæныныл. Цæгат Ирыстоны волонтерты змæлд «Шьем и вяжем для наших»-ы уæнгтæ баиу сты, цæмæй æххуыс кæной, нæ бæстæ чи хъахъхъæны, уыдонæн. Ацы хъуыддаг 200 адæймагæй фылдæры куыд баиу кодта, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы ныхæстæ иу кæнынц, абон хæстонтæн фæсчъылдымы чи æххуыс кæны, уыдоны. Волонтерты штаб «Шьем и вяжем для наших. С любовью из Осетии»-йы алы бон дæр цæттæ кæнынц гуманитарон æххуыс фронтæн. Суанг ма маскировкæгæнæн хызтæ быйыны хъуыддаджы дæр сæрмагонд хъуыды æвæрд ис.

Юлия Соколовайæн волонтерон хъуыддаг сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг мæйтæй сси хи истори. Йæ цардæмбал фронты ис 2022-æм азы февралæй. Юляйæн йæ бон иуварс баззайын не сси. Фыццаг æххуыс кодта йæхæдæг, 2023-æм азы уалдзæджы та бацыд волонтерты змæлдмæ.

Иумæйаг хъуыддаг баиу кодта 200 адæймагæй фылдæры. Дзæуджыхъæуы сæйраг штабæй фæстæмæ ма, республикæйы районты дæр кусынц, хъæугæ дзаумæттæ цæттæ кæнын кæм æххуыс кæнынц, ахæм бынæттæ. Гуманитарон æххуыс æрвитынц 2 мæйы иу хатт. Волонтерты арæхдæр фæнды, фæлæ фæрæзтæ нæ фаг кæны.

Ам æххуыс æмбырд кæнынц хæстонты æмæ госпитальты бæлвырд цы хъæуы, уымæн. Уæлæдарæс, цъындатæ, акъоппы цырæгътæ, хусгонд хъæрхуыппытæ æмæ хи хсæн фæрæзтæ – алцыдæр æрвыст цæуы фронтмæ. Уазæлттæ куыд хæстæг кæнынц, афтæ хъæугæ дзаумæтты номхыгъд уæрæхдæр кæны. Уæлæдарæс æмæ хойрæгтæ æрбахæссын кæнæ штабы куысты хай суæвын у алкæйы бон дæр.
Ам алкæйдæр уырны, хæстонтæ æнæмæнг æнкъарынц райгуырæн зæххæй аудындзинад. æмæ цалынмæ се фсæддон хæс æххæст кæнынц, уæдмæ волонтертæ дарддæр архайдзысты, сæ бон цæмæй у, уымæй æрбахæстæг кæнын семæ фембæлд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania