Ерысты размæ бæстæйы субъекттæ райстой хъæугæ техникон фæрæзтæ: разамынды пульттæ, компьютертæ, сæрмагонд тæхæн трассæтæ æмæ дронтæ
«Фыццæгты змæлд»-ы æмæ Уæрæсейы дронты Федерацийы хъæппæрисæй райдыдта Æппæтуæрæсеон чемпионат «Пилоты будуще»-йы регионалон къæпхæн. Ерысты размæ бæстæйы субъекттæ райстой хъæугæ техникон фæрæзтæ: разамынды пульттæ, компьютертæ, сæрмагонд тæхæн трассæтæ æмæ дронтæ. Архайы 30 адæймагмæ хæстæг. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ сбæлвырд уыдзысты, республикæ Æппæтуæрæсеон финалы республикæйы кад чи хъахъхъæндзæн, уыдон. Бæстондæр хабæрттæ радзуырдзæн Чехойты Фатимæ.
Иуварсæй бакæсгæйæ бæрæг дæр нæу, симуляторимæ фæлтæрддзинад æппындæр кæмæ нæй, ахæм адæймаг кæй кусы, уый. Битеты Ацæмæз æнæпилотон тæхæг аппараттæн разамынд дæттын æрæджы райдыдта ахуыр кæнын. Раздæр архайдта хъазт «Зарницæ»-йы, ныр та сфæнд кодта йæхи чемпионаты бафæлварын. Иннæ спортсментимæ сæххæст кодта теоретикон хæслæвæрдтæ. Техникон симуляторимæ куыст — ерысты иу хай.
Виртуалон трассæйыл ацæуын 83 уысммæ нымад у хорз бæрæггæнæныл. Алы æрыгон тæхæгæн дæр лæвæрд цæуы 10 минуты. Домæнтæ чи сæххæст кæна, уыдоны бауаддзысты иннæ къæпхæнмæ. Уый дæр æнцон нæу. Дронтæ стæхын кæнын хъæуы, цæлхдуртæ кæм ис, ахæм трассæйыл. Тæрхонгæнджытæн — бирæ куыст.
Æппæтуæрæсеон чемпионаты регионалон къæпхæн саразыныл бакуыстой «Фыццæгты змæлд»-ы регионалон хайад æмæ Уæрæсейы дронты Федераци. Мадзал сæмбырд кодта, 7 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 30 архайæджы республикæйы ахуыргæнæндæттæй. Ерыстæ сын фадат сты æнæпилотон тæхæг аппаратты арæзт сахуыр кæнынæн, сæ зонындзинæдтæ равдисынæн æмæ дронтимæ архайгæйæ ног фæлтæрдтæ райсынæн.
Аграрон университеты спортивон зал уæлдæфон тыгъдады хуызы хуымæтæджы æвзæрст не *рцыдис. Ацы ахуыргæнæндоны активонæй цæттæ кæнынц æнæпилотон тæхæг аппаратты специалистты. Æнæпилотон системæты Центры ахуыр кæнынц колледжы студенттæ. Чемпионаты архайджытæй исчи хъуамæ ацы къабаз равзара профессионалон дæсныйадæн.
Чемпионаты регионалон къæпхæны архайджытæй хуыздæр бæрæггæнтæ кæмæн уа, уыдон Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты Æппæуæрæсеон финалы. Æвзæрст æм æрцæудзысты 5 адæймаджы.




