филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:55 четверг, 19 ноября 2026
17 ноября 2026, 10:34
90 азы сæххæст Уæрæсейы адæмон артист Бирæгъты Къостайы райгуырдыл

Кинонывты æмæ сцены йын бантыст саразын ирд, адæм бирæ азты сæ зæрдыл кæй дарынц, ахæм сурæттæ

90 азы сæххæст Уæрæсейы адæмон артист Бирæгъты Къостайы райгуырдыл. Ирон театрмæ æрбацыд 1966-æм азы Щукины номыл училище каст куы фæцис, уæд. Кинонывты æмæ сцены йын бантыст саразын ирд, адæм бирæ азты сæ зæрдыл кæй дарынц, ахæм сурæттæ. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Сценæйы йæ æндæр искæимæ фемхæццæ кæнæн нæ уыдис. Зонгæ хъæлæс, уарзæгой цæстæнгас æмæ бафæзмæн кæй нæй, хъазты ахæм хуыз, театрдзаутæ-иу фыццаг уысмæй дæр Бирæгъты Къостайы æнæбазонгæ нæ фесты.  Аивадуарзджыты æдзух йæхимæ лвæста. Уыдон-иу тынг æнхъæлмæ кастысты йæ фæзындмæ, йæ алы ног роль дæр сын хаста æхсызгондзинад.

Аивадмæ фæндаг райдыдта Дзæуджыхъæуы, дарддæр æй ахæццæ кодта Мæскуыйы. Уым Бирæгъты Къоста каст фæцис Щукины номыл театралон училище, йе *мкурсонтимæ бахауд Таганкæйы театрмæ. Фæлæ ног куысты бынат æмæ хорз фадæттæ нæ хынцгæйæ, актер сфæнд кодта Ирыстонмæ æрыздæхын.  1966-æм азæй фæстæмæ йæ цард æмæ сфæлдыстад æнгом баст уыдысты Ирон театримæ.

Ирон сценæйы Бирæгъты Къоста сарæзта алыхуызон сурæттæ. Архайдта классикон æмæ нырыккон постановкæты, се *хсæн — «Сæтти æмæ Бæтти»,   «Хаос» æмæ «Сломанный стул».  Театрдзаутæ тынг бауарзтой Гацийы спектакль «Усгур Гаци»-йæ. Хъæлдзæг æмæ æууæнкджын хъайтар зæрдæтæм фæндаг ссардта йæ сыгъдæг зæрдæйы руаджы. Драматикон рольты-иу актерæн йæ курдиат раргом, театрдзауты æнæдзургæйæ мæт кæныныл чи бафтыдта, ахæм хуызы.

1970 азмæ æрцыдис Бирæгъты Къостайы кинодебют. Æдæппæтæй ахъазыдис 15 кинонывы. Се *хсæн — » Чермен», » Чегери», «Сюрприз», æмæ «Мужское самолюбие». Артер-иу экраны дæр йæхиуыл дæсныйæ абарста ног сурæттæ, уый тыххæй йæ куыстытæ систы ирон кинематографы хай.

Бирагов не делил роли на главные и второстепенные. Даже небольшому эпизоду он отдавал себя целиком, наполняя его характером и внутренним содержанием.

Бирæгъты Къоста рольтæ нæ дих кодта сæйрæгтыл æмæ дыккаг къæпхæн кæмæн ис, ахæмтыл. Чысыл эпизодыл дæр куыста зæрдиагæй, сурæт-иу баххæст æй кодта миддунейы хуыздæр миниуджытæй.

Йе *мкусджытимæ хæлар ахастытæ кæмæн уыдис, ахæм фæлмæн зæрдæ адæймаг, æдзух æххуыс кодта æрыгон актертæн, искæйы зындзинæдтæ йæ æвæлмастæй никуы ныууагътой.

Бирæгъты Къоста цы сурæттæ сарæзта, уыдоны бæрæг дардта арф мидхъырдухæн. Æнкъарæнтæ равдисын актер зыдта зæрдæбынæй, æнæ уæлдай ныхæстæй. Йæ зæрдæйæ æнæрлæугæйæ рухс кæмæн цæуы, ахæм адæймагæй йæ бахъуыды кодтой йе *мкусджытæ.

Бирæгъты Къоста не *хсæн нал ис æнусы цыппæрæм хайæ фылдæр, фæлæ йе сфæлдыстад сæрмагонд бынат ахсы ирон театры историйы. Уæрæсейы Адæмон артист æвæрд ис Дзæуджыхъæуы Намысы Аллейы. Йæ номимæ баст сты, сценæйы ныры онг дæр чи цæры, уыцы рольтæ, æмæ Бирæгъты Къоста, чи йæ зыдта æмæ уарзон кæмæн уыдис, уыцы адæмы зæрдæты цы рухс фæд ныууагъта, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania