филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:55 четверг, 19 ноября 2026
17 ноября 2026, 10:34
Мыхуыры рацыд Ирыстоны адæмон фыссæг Скъодтаты Эльбрусы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Медовая чаша»

Сфæлдыстадон изæр æмæ чиныджы презентаци ацыдысты Мæскуыйы литераторты центрон хæдзары

Мыхуыры рацыд Ирыстоны адæмон фыссæг, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Скъодтаты Эльбрусы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Медовая чаша». Сфæлдыстадон изæр æмæ чиныджы презентаци ацыдысты Мæскуыйы литераторты центрон хæдзары. Уый у автор дыгуронæй уырыссаг æвзагмæ цы прозæ æмæ поэзийы чингуытæ ратæлмац кодта, уыдонæй 4-æм. Æмбырдгондæй æмдзæвгæтæ кастысты Уæрæсейы сгуыхт артист Сæлбиты Аким, поэт Æхполæтты Наталия æмæ иннæтæ. Изæры архайджытæ бузныг загътой тæлмацгæнæг Андрей Расторгуевæн, авторы сисы бынæй цы уацмыстæ рацыд, уыдонмæ уырыссаг æвзагыл стыр æргом здæхт кæй æрцыд, æмæ сæ арф хъуыды кæй нæ фесæфт, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania