филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 среда, 25 ноября 2026
24 ноября 2026, 10:35
Национ проект «Кадртæ»-м гæсгæ Цæгат Ирыстоны цалцæг кæнынц адæмæн куыст дæттыны центры сæйраг офис æмæ йæ хайæдтæ республикæйы æппæт районты

Бындурон цалцæджы фæстæ байгом кæнынмæ ныртæккæ цæттæ кæнынц 10 ахæм хайады

Национ проект «Кадртæ»-м гæсгæ Цæгат Ирыстоны цалцæг кæнынц адæмæн куыст дæттыны центры сæйраг офис æмæ йæ хайæдтæ республикæйы æппæт районты. Бындурон цалцæджы фæстæ байгом кæнынмæ ныртæккæ цæттæ кæнынц 10 ахæм хайады. Сног кодтой ифтонггæрзтæ æмæ хъæддзаума. Тагъд адæм ацы куыстуатты лæггæдтæ исдзысты зæрдæмæдзæугæдæр уавæрты. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Адæмæн куыст дæттыны центры Горæтгæрон районы хайады цалцæггæнæн куыстытæ кæронбæттæн къæпхæны сты. Бæстыхай рагæй уыд базилинаг. Бригадтæ кусын райдыдтой августы. Фыццаджыдæр, бавнæлдтой демонтажмæ. Раластой арæзтадон бырæттæ æмæ райдыдтой агъуыстытæ аив кæнын.

Кæлæддзаг бæстыхаймæ базилын æнцон нæ разынд. Фæлæ æппæт къуылымпыдзинæдтæ куысты рæстæг лыггонд цыдысты. Специалисттæ кусынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Æмæ афтæ æппæт республикæйы дæр. Цалцæг цæуы Дзæуджыхъæуы сæйраг офисы æмæ уæлæмхасæн хайады, стæй Цæгат Ирыстоны æппæт районты. Уыимæ адæмæн куыст дæттыны центрты архайд не рлæууыд.

Модернизацигонд офистæ куы байгом уой, уæд аивдзæн адæмимæ æмархайд кæныны фæтк дæр. Ногдзинæдты хсæн: куысты нырыккон стандарттæй пайда кæнын, стæй куыст чи агуры æмæ йæ чи дæтты, уыдонæн æмархайды сæрмагонд пълан аразын. Уый æппæт процесс скæндзæн ахадгæдæр, зæгъынц специалисттæ.

Æрвылбон ацы центртæм сæ фарстатимæ æрбацæуынц сæдæгай цæрджытæ. Агурынц куыст, фæнды сæ ног дæсныйадыл сахуыр кæнын кæнæ та квалификаци фæбæрзонддæр кæнын. Ам архайынц се ппæтæн дæр зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аразыныл. Цалцæггонд офистæ сæ дуæрттæ байгом кæндзысты декабры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania