24 ноября 2026, 10:35
Цыколайы 2-æм скъолайы уыд ныййарджыты форум «Бинонтæ»
Бацæттæ йæ кодтой профессионалон æхсæнад «Сабидуджы фæндагамонджы» минæвæрттæ Æрæфы районы ахуырады управленийымæ иумæ
Цыколайы 2-æм скъолайы уыд ныййарджыты форум «Бинонтæ». Бацæттæ йæ кодтой профессионалон æхсæнад «Сабидуджы фæндагамонджы» минæвæрттæ Æрæфы районы ахуырады управленийымæ иумæ. Пленарон хайы фæстæ ныййарджытæ архайдтой проектон сессийы. Алы командæ дæр равдыста йæ хъæппæристæ – сфæлдыстадон проекттæй практикон уынаффæты онг. Уыдон пайда уыдзысты скъолайы цардæн. Мадзаларазджытæ куыд загътой, афтæмæй форумы куыст рауад ахадгæ æмæ раарфæ кодтой се *ппæт архайджытæн дæр.
темæмæ гæсгæ




