филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:43 среда, 25 ноября 2026
25 ноября 2026, 10:30
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы цæуынц Сыгъдæг Георгийы 15-æм æппæтадæмон кæстытæ «Православие. Этнос. Культура»

Мадзал æрвылаз баиу кæны Уырыссаг Чырыстон аргъуаны, наукон æхсæнады, ахуырады æмæ культурæйы минæвæртты

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы цæуынц Сыгъдæг Георгийы 15-æм æппæтадæмон кæстытæ «Православие. Этнос. Культура». Мадзал æрвылаз баиу кæны Уырыссаг Чырыстон аргъуаны, наукон æхсæнады, ахуырады æмæ культурæйы минæвæртты. Ацы аз дæр дзы архайынц дины кусджытæ, ахуыргæндтæ, паддзахадон æмæ æхсæнадон, культурæйы æмæ ахуырады организациты минæвæрттæ, студенттæ æмæ аспиранттæ, наукон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ Уæрæсейы алы регионтæй æмæ фæсарæнтæй. Каст цæуы Аланийы историйы æмæ культурæйы, аргъуантæ æмæ дины арæзтадтæ хъахъхъæныны æмæ ног кæныны, Кавказы чырыстон миссийы, аргъуыдты текстытæ алайнаг æвзагмæ тæлмац кæныны, динты хсæн диалогы, стæй медицинон этикæйы фарстатыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania