филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:49 пятница, 22 ноября 2024
01 сентября 2016, 21:23
Артдзæст. Алагир

Ныртæккæ цы ран стæм, уый алфамбылай рагæй æрæгмæ дæр цымыдисаг уыд йæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæй. Уымæ гæсгæ йæхимæ æлвæста Уæрæсейы паддзахы цæстæнгас. Афтæмæй иу Кавказы хæхты уæвгæйæ, императоры минæвар йæ хыгъдлæвæрды афтæ фыста: «Горцы – народы весьма военные и имеют ружья огненные, также сабли и кинжалы, сами делают серу горючую, порох, свинец и железо из руд, находящихся в тех горах».
Уый тынг диссаг фæкаст императормæ, æмæ йæ сæйрагдæр хæсыл банымадта, Ирыстоны хæхты сгарæн куыстытæ райдайын. Ардæм æрвыстой наукон экспедицитæ. Сæ сæргъы-зындгонд ахуыргæндтæ – Степан Вонявин æмæ Александр Кирхнер.
1840-æм азы Императоры наместник Кавказы Воронцовы барлæвæрдмæ гæсгæ, Садоны амал кæнын райдыдтой зды æмæ рзæд. Фæстæдæр уыцы æрдзон хъæздыгдзинæдты руаджы сфæнд кодтой паддзахадон æфсады гæрзифтонгдзинадфæхуыздæр кæнын. Уымæн та æнæмæнг хъуыд сæрмагонд завод æмæйæ,инæлар – майор Иваницкийы проектмæ гæсгæ, 1850-æм азы 27-æм февралы мæнæ ацы тæккæ ран аразын райдыдтой.Цымыдисаг у аразынæн цы æрмæг равзæрстой, уый дæр. Заводы къултæ амад сты туфæй, ласгæ та йæ кодтой дургырæн къæдзæхæй. Хъыгагæн, рæстæг æгътыр у, завод бамынæг йæ бæстыхай дæр, историон цыртдзæвæни уæвгæйæ, æвæгæсæгæй дургай хæлы æрмæст ма цалдæр къулы æмæ мæнæ ацы мæсыг дзурынц ивгъыд бонтыл.
Константин Попов, историртасæг: «На выходе из Алагирского ущелья была выбрана поляна для строительства будущего сереброплавильного завода. Завод был построен как крепость, обнесен рвами. Там были часовые на башнях. Здесь же при заводе была построена обогатительная фабрика. Руду для завода везли с садонских рудников специальные люди, которые назывались цинковозы на двухколесных арбах, иногда вьюками по горной труднопроходимой тропе. Потом началось строительство колесной дороги до садонского рудника и затем по благоустроенной дороге руда стала перевозиться сюда на завод. Первую плавку металлов которая была получена здесь на заводе в частности серебро было Воронцовым отправлено императору Николаю 1, который потом распорядился из этого серебра сделать два сосуда – один для строящейся церкви в Санкт-Петербурге, и второй для Исакиевского собора».
Заводы арæзтадмæ Уæрæсейы паддзахад æрбарвыста кусджыты Алтайæ, Уралæй æмæ Луганскæй, æдæппæт – 380 адæймаджы бæрц.
Радтой сын цæрæн бынæттæн зæххытæ, æмæ цыбыр рæстæгмæ сæхицæн чысыл поселок сарæзтой.
Константин Попов, историртасæг: «Среди местных жителей не было специалистов горнорабочих, тем более горных инженеров. Поэтому сюда для строительства этого завода, кстати, первого предприятия промышленного на Северном Кавказе были присланы горные рабочие. Собственно они и явились первопоселенцами слободы Алагир, которая затем была преобразовано в станицу Горная и станица горная в 38 году стала городом Алагир».
Ныртæккæ цы бæстыхайы цур стæм, уый дæр раздæр уыд цинк-æвзисттайæнгæнæн заводы хай. Йæ фæлгонц ын чысыл аивтой нырыккон домæнтæм гæсгæ, фæлæ йыл уæддæр зыны уæды рæстæджы тæваг. Абон дзы ис Алагиры районы бæстæзонæн музейы дæлхайад. Ис дзы фенæн шахтерты раздæры кусæн гæрзтæ, заводы раздæры æдде бакаст, йæ кусджыты къамтæ.
Рæстæг цыд, хъæууаты цæрджыты нымæц фылдæрæй фылдæр кодта. Хуыздæр цардагур ардæм цыдысты канд Уæрæсейæ нæ, фæлæ ма Гуырдзыйæ, Бердзенæй æмæ суанг Бельгийæ дæр. Афтæмæй , нудæсæм æнусы 50-æм æзты цæрджыты нымæц хæццæ кодта 984 адæймаджы онг. Хъæуыфæзындыстыфыццагуынгтæ, Садовая, Семянниковская, златоустовская, Вятская æмæ æндæртæ. Арæзт æрцыд фыццаг рынчындон, абана, фæзындысты дуканитæ. Гом кæнын байдыдтой хи чысыл куыстуæттæ.
Константин Попов, историртасæг: «На девяти поперечных и подольных улицах стали возводиться каменные и кирпичные дома добротные, такого городского типа уже. Для постройки домов здесь были построены кирпичные и черепичныезаводы, и завод гончарный для производство труб для водопровода».
Афтæмæй ныфсджын къахдзфтæ кæнгæйæ,тырныдтой рухс фидæнмæ Алагиры фыццаг цæрджытæ. 1850-æм азы 8-æм ноябры мæнæ ацы ран бындур æвæрд æрцыд аргъуанæн. Артæ азы фæстæ 22- æм октябры дзы фыццаг хатт саргъуыдтой. Куыд уынæм,афтæмæй аргъуан ныртæккæ дæр лæууы Алагиры бæстæстæу, æмæ у горæтыфидауц.
Аргъуан у нудæсæм æнусы дыккаг æмбисы историон цыртдзæвæн, арæзт у Византиаг стилы. Конд у зындгонд архитектор, нывгæнæг кънйаз Гагарины проектмæ гæсгæ .
Цæллагты Виктор, архитектор: «Дзæгъæлы нымад нæу аивады хæзнайыл ацы аргъуан. Уымæн æмæ йæхæдæг дæр куыд конд у,æмæ йæ алыварс дæр мæнæ цы комплекс ис,уый тынг диссаг у. Уыцы дур, «серовато-розовый трахитовый туф» кæй хонынц, уый мæнæ ам хæстæг уыдис, уырдыгæй йæ æрластой æмæ ма дзы орнаменттæ дæр дурæй кодтой».
Куыд уынæм афтæмæй, аргъуаны алфамбылай дæр ис фидары къултæ. Уымæ гæсгæ йын уыд канд духовон æмæ культурон нысаниуæг нæ, фæлæ ма уыд , зын сахат фыдæзнагæй бахъахъхъæныны фæрæз дæр. Æнусты дæргъы бирæ ивддзинæлтæ баййæфта аргъуаны бæстыхай .
Цæллагты Виктор, архитектор: «Бæргæ, йæ арæзтытæ иууылдæр æнæхъæнæй куы баззадаиккой. Фæлæ цы гæнæн ис, ахæм замантæ уыдысты: революци, уый фæстæ хæст. Хæсты рæстæг бомбæты бын фæци æмæ аргъуанæн дæр йæ сæр(цъупп) фехæлди, дзæнгæрæгдон чи у, уый та ныппырх. Йæ дуртæй та йын клубтæ сарæзтой. Цы ма дзы баззадис, уый мæнæ йæ бацæуæн, фыццаг мæнæ ауылты уыд. Ныртæккæ уый дæр сног кæнын хъæуы, цæмæй æххæстæй йæхи равдиса. Мæнæ æрæджы байгом кодтой мемориалон фæйнæг Зæнджиаты Бæбуйæн, аргъуан кæй руаджы аирвæзт, уый. Тынг бацарайдта фыста пъисмотæ дæр, æрæмбырд кодта æрмæг дæр, цæмæй аирвæзын кæна аргъуан, уый тыххæй. Йæ руаджы абон уынæм уыцы диссаджы рæсугъд аргъуан. Уый тыххæй дзы абоны фæлтæр дæр сты бузныг».
Цасдæр рæстæг аргъуаны бæстыхайы уыд бæстæзонынады музей.Фæстæдæр цалдæр зæрдæргъæвд лæппуйы хъæппæрисæй, уыдонимæ Цæллагты Виктор дæр, аргъуаны бæстыхай мидæгæй цалцæггонд æрцыд, армдæснытæ йын бацархайдтой йæ мидфæлыст раздахын.
Цæллагты Виктор, архитектор: «Ам кусын куы дайдыдтам, уæд къулты уавæр уыди тынг æвзæр. 3-4 метры онг зæххæй уæлæмæ хъуына ссыдис. Нывтæ зынгæ дæр нал кодтой, ссау сты. Ахорæн ныххус ис æмæ гыццыл къæртгай згъæлдис. Уыдон хъуыдис фервæзын кæнын. Гъеныр куы скæсæм «Кувæн къусы» уаз нывмæ, уæд ыл бæрæг у Къостайы къухы фæд. Раиртæстам æй, Къостайы конд кæй у, уый».
Константин Попов, историртасæг: «Мы сейчас находимся в церковном дворе, вот здесь у восточного фасада этой стены находится два захоронения одно из них – генерал от инфантерии Василий Васильевич Трейтер . Он много лет жил в Алагире, у него была здесь большая усадьба и дом с огромным садом. В 1912 году генерал скончался и его похоронили в ограде церкви вознесения Господня. Следующее захоронение принадлежало его жене Екатерине Игнатьевне Трейтер. Когда-то здесь по рассказам очевидцев были еще мраморные скульптуры его дочери и жене, но со временем их не стало».
Алагиры бæстыхæйтты архитектурæйы дисы æфтауы сывæллæтты аивæдты скъола дæр . Историон бæрæггæнæтæм гæсгæ ,уый арæзт æрцыд аргъуанимæ уыцыиу рæстæг. Фæлæ дзы раздæр цы уыд, уый абон бæлвырд бæрæг нæу.
Константин Попов, историртасæг: «Ну вероятно это двухэтажное здание с круглой башенкой, с бойницами было построено для того, чтобы здесь располагалось горное управление. По другим данным тут были военные казармы. Точное назначение здания пока не выяснено. Оно интересно тем, что оно было построено в форме креста. Причем продольная ось шла с востока на запад а поперечные были не большие по размерам. Жаль что при реконструкции здания одна часть креста была уничтожена».
2000-азы Алагиры 150-æм юбилеймæ горæты байгом бæстæзонынады музей хонæм уæ немæ.
Черчесты Фатимæ-музейы кусæг: «2009-æм азы нын радтой Зæнджиаты Бæбуйы ном. Уæдæй нырмæ йæ кадимæ хæссæм. Зæнджиаты Бæбу уыдис рухстауæг. Уый тынг бирæ хæрзты бацыд ирон адæмæн. Ацыдис Манчжуримæ, бакуыста æхца æмæ Цъæйы байгом кодта рæуджыты низ кæмæ уыдис, ахæм адæмæн рынчындон. Уымæй уæлдай тынг бирæ уацмыстæ ратæлмац кодта сывæллæттæн. Фæндыд æй, цæмæй ирон сывæллæттæ зындгонд уырыссаг фысджыты æмдзæвгæтæ дæр зоной, сæ чингуытимæ зонгæ кæной. Фæнды мæ зæгъын Бутаты Фатимæйы тыххæй дæр. Бутаты Фатимæ стыр ахуыргонд адæмы къордимæ байгом кодтой боны рухсы цырагъ. Уымæй фæстæмæ зæгъдзынæн Баситы Чабæханы тыххæй. Баситы Чабæхан у хæсты хъайтар. Уыдис ахуыргæнæг, лæвæрдта немыцаг æвзаг. Знаг куы æрбацыдис Алагирмæ, уæд сæ афтæ фæндыдис, цæмæй Чабæхан семæ газеты æрмæджытæ мыхуыр кæна нæхи ирон адæмы тыххæй немыцаг æвзагыл. Чабæхан не сразы ис. Æмæ йын канд йæхи нæ, фæлæ ма йын йæ мад æмæ йæ гыццыл æфсымæры дæр амардтой. Ныртæккæ Црауы фæндагыл Алагиры кæрон ис обелиск. Сывæллæттæ йæм алы аз дæр фæхæссынц дидинджытæ.
Цæгат Ирыстоны Алагиры район нымад у хъæууонхæдзарадоныл. Хъуыстгонд сты Унайла, Мызуйраг, Бæрзыхъæуккаг дыргъдæттæ. Фæлæ куыд базыдтон, афтæмæй Ирыстоны дыргъы куыст кæныны къабазæн дæр бындур æвæрд æрцыд Алагиры.
Константин Попов, историртасæг: «Садоводчество зарождалось так, генерал майор Иваницкий руководитель Алагирского сереброплавильного завода выписал сюда садоводов из Крыма и они привезли сюда разные сорта груш и яблонь ,в частности даже из Франции. В окрестных лесах было много дички яблонь и груш и на них делались прививки. В Алагире был создан питомник, была даже тутовая аллея и вот отсюда, с этого питомника по ратованию Иваницкаго сады создавались и в горах. В частности в Унале, знаменитые Унальские сады в Фиагдоне, в Махческе в Дигории, ну и в других местах.
Мы находимся на территории районного дома культуры и вот на этом месте еще в 19 –ом веке были созданы большие сады в частности в Алагире сады имели знатные жители, генералы горные инженеры например Счастливцев, Семянников, генерал Трейтер и вот на месте где сейчас РДК был сад Сцастливцева. После его кончины сад перешел Наки его жене и в народе это место так и называли сад Наки. А если мы поедем выше по улице по улице Коста, с правой стороны где расположен северо-кавказский лесной техникум и пятая школа были сады генерала Трейтера и Семянникова».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania