Наукæ интернационалон у. Фæлæ гениалон ахуыргонды фæллæйттæ æмæ царды фæндагыл дзургæйæ, алы хатт дæр ракой кæнынц, цавæр адæмы минæвар уыди, кæцы нацийы скадджын кодта. Æмæ уыдæттыл хъуыды кæнгæйæ адæймаг бæллицтыл бафты, -мæхи адæмæй та кæд уыдзæн номдзыд ахуыргæндтæ ,кæд фæзындзæн уыцы ирон лæг, наукæйы арф фæд чи ныууадза æмæ йæ тыхджын зонды руаджы мах дæр дунетæн чи базонын кæна.
«Наукæ интернационалон у. Фæлæ гениалон ахуыргонды фæллæйттæ æмæ царды фæндагыл дзургæйæ, алы хатт дæр ракой кæнынц, цавæр адæмы минæвар уыди, кæцы нацийы скадджын кодта. Æмæ уыдæттыл хъуыды кæнгæйæ адæймаг бæллицтыл бафты, -мæхи адæмæй та кæд уыдзæн номдзыд ахуыргæндтæ ,кæд фæзындзæн уыцы ирон лæг, наукæйы арф фæд чи ныууадза æмæ йæ тыхджын зонды руаджы мах дæр дунетæн чи базонын кæна».
Сиукъаты Никъала у, ирон адæмы хсæнæй незамантæй абонмæ цы стыр ахуыргонд адæм равзæрд, уыдонæй сæ иу. Ныхас цæуы, сæ ахадындзинадæй æнæхъæн дуне дæр сæ цæст кæуыл æрæвæрдтой, ахæм зонадон иртасæнтыл. Индийы фосфид, зæгъгæ, ахæм дыууæ химион элементы байугæнд ног мадзалы фæрцы райсын 1967-æм азы физикæйы зонады нымад æрцыд ахæм зындгонд цауыл. Æмæ уый йæ къухы бафтыд ирон физик æмæ астроном Сиукъаты Никъалайæн.
Индийы фосфид у кристалл, зындгонддæр полупроводниктæй сæ иу. Пайда дзы кæнынц бирæ алыхуызон къабæзты. Йæ бындурыл цæттæ кæнынц лæгæтфæндæгты (тоннелты) диодтæ, лазертæ, спектометртæ, алыхуызон прибортæ, иукъорд æндæр раззагон технологион элементтæ. Сиукъаты Никъалайæн йæ ахуыргæнинæгты къордимæ сæ къухы индийы фосфиды цы ног хуызæг райсын бантыст, уый, æппæт фæсарæйнаг дæнцæгтимæ абаргæйæ, разынд 10 хатты сыгъдæгдæр æмæ йæ хорздзинад, йæ ахадындзинад дæр раст уый мидæг уыдис.
Уый уыдис ирон ахуыргæндты, фыццаджыдæр та Сиукъаты Никъалайы сгуыхтдзинад. Чысыл провинциалон горæт Дзæуджыхъæуы цалдæр æвзонг ахуыргонды сæ ныфс бахастой дунеон нысаниуæг кæмæн уыдис, ахæм зонадон экспериментмæ. Сæ къухы æппындæр ницы уыдис, афтæмæй – нæ, фæлварæнтæ кæм кодтаиккой, ахæм базæ, нæ æмбæлон литературæ, -æппындæр ницы фидар фæнд æмæ зонадон ныфсхасты йеддæмæ. Ахæм ныфс та сын сæ уæнгты бауагъта Сиукъаты Никъала, Зонадыл уый куыд æнувыд уыдис, куыд æвæллайгæ куыст кодта, се нтыст æй куыд уырныдта, уымæ кæсгæйæ, сæ зонадон разамонæг цæвиттойнаг æмæ фæзминаг ссис ахуыргæндты ацы чысыл къордæн. Фæлæ уæддæр æнæ Центры æххуыссæй цыдæр хъуыддæгтæ нæ рæвдз кодтой, æмæ Никъала йæхицæн æмцæдисонтæ æмæ æмхъуыдыгæнджытæ ссардта Советон Цæдисы Зонæдты академийы Ленинграды физикон-техникон институты коллективы.
1958 æм азы Сиукъаты Никъала Цæгат Ирыстоны пединституты кусгæйæ (ныртæккæйы унивеситет), сфæнд кодта лабаратори саразын. Йæхи хъæппæрисæй æмæ афтæ зæгъæн ис, йæхи тыхтæй. Ныртæккæ ацы лабароторийæн йæ фæд дæр нал ис, фæлæ гъеуæд мæнæ ам цард цæдджинагау фыхтис.
Цалдæр азы ахаста ацы арæзтад. Алцы дæр сæхи къухтæй цыдис. Æгæрыстæмæй къултæ дæр сæхæдæг амадтой, газ, дон æм уагътой, уыдис сæм сæхи æрмадз дæр, заводты чи нал хъуыдис, ахæм алыхуызон тæрхытæй, ифтонггæрзтæй хъæздыг кодтой сæ лаборатори. Лаборатори куы скуыста, уæд та сын æхсæв æмæ бон нал уыдис – сæ разы цы хæс сæвæрдтой – æппæты сыгъдæгдæр индийы фосфид райсын, – уый ссис сæ царды сæйраг нысан Сиукъаты Никъала æмæ йæ ахуыргæнинæгтæн. Уыдон уыдысты Къуындыхаты Руслан, Галина Ковалевская, Сергей Метревели, Хадыхъаты Мурат.1967-æм азы сæм æрбаиу æвзонг ахуыргонд Бестауты Мэлс дæр. Уый та иртæста, индийы фосфидæн йæ электрон миниуджытæ. Уый тыххæй бахъуыдис сæрмагонд пецтæ æмæ бæрзонд æлхъывдады сæрмагонд камерæ саразын. 1969-æм азы сæхи сæрмагонд технологиты руаджы ирон ахуыргæндтæн сæхи сæрмагонд технологиты руаджы сæ къухы бафтыд уæды рæстæгæн дунейы æппæты сыгъдæгдæр индийы фосфид райсын. Фæзынд ацы кристаллæй уæрæх пайда кæныны фадат дæр. 1970 азы ахуыргæндтæ сæ иртасæнты хатдзæгтæ куы ныммыхуыр кодтой, уæд сæм фыссын райдыдтой алы бæстæтæй: Канадæйæ, Англисæй, Америкæйæ, Венгрийæ, æндæр рæттæй. Ацы егъау зонадон æнтыст ссис Сиукъаты Никъалайæн йæ диссертацийы темæ дæр.
Сиукъаты Никъалайы кадджын фæндаг зонады стыр бæрзæндтæм райдыдта Хуссар Ирыстоны Присы хъæуы. Уым райгуырд сомбоны ахуыргонд 1916-æм азы. Йæ сабибонтæ æрцыдысты уæззау азтæм, уæлдайдæр та бирæсывæллонджын бинонты хсæн хъомыл кæнгæйæ. Фæлæ æрдзон курдиат йæхион акодта – зæрдæргъæвд лæппу цымыдис кодта алцæмæ дæр, фæлæ йæ уæддæр сывæллонæй фæстæмæ йæ романтикон сæнттæ тынгдæр æлвæстой стъалытæм, арвмæ, дун – дуне куыд арæзт у, уый йын æнцой нæ лæвæрдта. Æрхæццæ йæ ахуыр кæныны кар дæр. Сталиниры авдазон скъола, уый фæстæ — рабфак. Дыууæ азы сахуыр кодта пединституты, æгæрыстæмæй кусгæ дæр акодта ахуыргæнæгæй Боржомы педтехникумы, фæлæ йæ йæ зæрдæ уæддæр уæлæрвтæм хаста. 1937 азы Никъала ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы университеты физикæйы факультеты астрономийы хайадмæ. Фæлæ йæ ахуыр кæронмæ нæ фæцис, бахъыгдардта йæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Ацыд фронтмæ. Знаджы ныхмæ хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй йын лæвæрд æрцыд кадджын паддзахадон хорзæхтæ. Воронежы фронты карз тохты Никъала уæззау цæф фæцис æмæ йæ бар –æнæбары бахъуыдис Ирыстонмæ æрыздæхын. 1945 азы Сиукъайы фырт ногæй баздæхт, хæстмæ кæцæй ацыд, уыцы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ, фæлæ астрономийы хайадмæ нал, йе ‘нæниздзинад ын йæ фадæттæ фæкъуындæг кодта. Йæ ахуыр адарддæр кодта физикæйы хайады æмæ йæ каст фæцис 1948 азы. Уый фæстæ кусынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институтмæ, уыцы иурæстæг каст фæцис аспирантурæ дæр.
Сиукъаты Никъалайæн астрономийы фæдыл йæ фыццаг чиныг мыхуыры куы фæзынд, уæд нырма университеты ахуыр кодта , 3-аг курсы. Æдæппæтæй та йын бантыст 8 чиныджы ныффыссын. Сæ зонадон нысаниуæг уый иу хъуыддаг у, фæлæ хуымæтæг чиныгкæсæгæн ацы чингуытæ, ирон цардыл куыд ахадынц, уымæй сты, фыццаджыдæр, цымыдисон. Æмæ ам уæлдай хъулон дары йæ чиныг «Дун-Дуне нæ алфæмблай».
Бирæ цæмæйдæрты у æнæнхъæлæджы æмæ диссаг ацы чиныг. Афтæ зæгъæн ис, æмæ «Дун-дуне нæ алыварс» уыдис æмæ ныртæккæ дæр у егъау культурон фæзынд ирон адæмы царды. Уымæн канд зонадон нысаниуæг нæй. Йæ автор ахæм чиныг иронау ныффыссын кæй сфæнд кодта æмæ уыцы нысан йæ къухы æнтыстджынæй кæй бафтыд, æрмæст уымæй дæр у зынаргъ æмæ ахсджиаг ацы куыст. Ацы чиныгæй Сиукъаты Никъала ноджы ма иу хатт сбæлвырд кодта ирон æвзаджы æнæкæрон гæнæнтæ æмæ авналæнтæ. Йæхи раз, чизоны, ахæм хæс не вæрдта, фæлæ афтæ рауад, æмæ иуæй – иу лингвисттæн цæрæнбонты цы нæ бантысы, уый Никъалайæн бантыст мадæлон æвзагыл астрономийы чиныг ныффыссынæй – уый бæрзонд систа ирон æвзаджы кад.
Арв цъæх цæмæн у, уый тардæр кæнæ фæлурсдæр цæмæн вæййы? Цы у атмосферæ æмæ цæмæй конд у? Къуырийы авд боны цæмæн ис æмæ дзы кæддæр та 5 цæмæн уыдис? Хур Зæххмæ æппæты æввахсдæр цы афон вæййы? Азты нымад Чырыстийы райгуырдимæ баст цæмæн у? Æмæ цынæ ис бакæсæн ацы чиныджы. Уый сæрмагонд зонадон бæрæггæнæнтæ æмæ хатдзæгтыл куынæ дзурæм, уæд. Чиныг афтæ фыст у, æмæ цы зоныс, уый дæр дæм ацы чиныгæй куыддæр цыма арфдæр хъары, афтæ кæсы адæймагмæ. Чизоны, уый тыххæй æмæ ирон зондæй у фыст. Астрономийы чиныджы Сиукъайы фырт пайда кæны, ирон царды уагимæ баст æрдзон фæзындтæй æмæ сæ нæмттæй, ирон литературæйы классикты уацмæстæй ист базырджын ныхæстæй, адæмон сфæлдыстадæй æмæ афтæ дарддæр. Иннæахæм æвзагимæ баст ногдзинæдтæ. Никъалайы зонадон терминтæ канд сыгъдæг ирон дзырдтæй арæзт не сты, уый у дæсны æвзагзонæг дæр. Иæхи æрымысгæ ног терминтæ æмæ дзырдбæстытæ афтæ аив сты ,афтæ иронхуыз, æмæ раст цыма незамантæй ирон æвзаджы фæсауæрцты уыдысты æвæрд ,æмæ ныр Никъалайы куы бахъуыдысты, уæд сæ райста. «Тырнæг зонд», «мидтаст айдæн», «дзиндзи», «хъусхор» æмæ ма бирæ æндæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ. «Дун-дуне нæ алфæмблай терминтæй афтæ рæвдз кæй у, уымæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æххуыссы хос уыдис Сиукъаты Никъала 1954 азы «физикон терминты дзырдуат» иронау кæй сарæзта, уый дæр. Уый йеддæмæ ма уырыссагæй иронмæ ратæлмац кодта дыууæ ахуыргæнæн чиныджы физикæйæ.
«Мадæлон æвзаг нæ зонгæйæ, адæймаг цыфæнды ахуыргонд æмæ номдзыд куы феста ,уæддæр йæ сæры кад ,йæ джелбетт æнæкъахыр нæ уыдзысты» (Сиукъаты Никъалайы чиныг «Дун-дуне нæ алфæмблай»-йы разныхасæй)
«Дун-дуне нæ алфæмблай», зæгъгæ, Сиукъаты Никъалайы ацы чиныг ирон æвзаджы трагикон хъысмæт æвдисæг у ,зæгъгæ, афтæ куы зæгъæм, уæд æппындæр ницæмæй фæрæдидзыстæм. Уыцы рæстæг ирон æвзаджы баййæфта лингвоциды азар æмæ йын Сиукъаты Никъалайы чиныг æххæстæй бавзæрста йæ сахъат фæзындтæ.
«Дун-дуне нæ алыварс» фыццаг хатт мыхуыры куы фæзынд, ууыл ныр 60 азæй фылдæр цæуы. «Популярон астрономи», зæгъгæ ахæм сæргондимæ уый йæ автор фыццаг бацæттæ кодта латинаг графикæйы бындурыл Цхинвалы, уымæн æмæ 1924 азæй 1938-æм азы онг Ирыстоны уыцы дамгъæты бындурыл цыдис алцы дæр. 1938-æм азы Хуссар Ирыстоны официалонæй бакодтой гуырдзиаг алфавит, Цæгаты та латинаг ивд æрцыдис кириллицæйæ. Сиукъаты Никъалайæн йæхи дæр ничи бафарста, афтæмæй йæ чиныг фæзынди гуырдзиаг дамгъæты бындурыл, æмæ уый адыл, афтæ зæгъæн ис, æнæркастæй баззад, стæй æнæкастæй дæр. Æрмæст 1953-æм азы ирон адæмæн фæзынд иу алфавиты бындурыл кусыны фадат. Никъалайæн ма уыдис йæ чиныг Цæгат Ирыстоны рауадзыны фадат, ныфс ын бавæрдтой, фæлæ уалынмæ хæст райдыдта æмæ баззад. Йæ къухфыст ма йын тыхæйты ссардта 1946-æм азы. Сиукъайы фыртæн ма астрономийы фæдыл рацыд дыууæ чиныджы? 1952-æм æмæ 1957-æм азты, фæлæ йæ сæйраг чиныг та «Дун-дуне нæ алфæмблай» æххæстæй, бирæ цыдæртæ йæм бафтыдта, афтæмæй фæзынд æрмæстдæр 1994-æм азы.
Сиукъаты Никъала йæ зонадон куыстыты, стæй æнæуый дæр никуы æмбæхста, йæ зæрдæмæ цы идеологи æввахсдæр у, уый – зонады уыдис материалистон зондахастыл хæст, царды та йæ уырныдта коммунистон идеологи. Фæлæ йæ уый никуы бахъыгдардта æцæг ирон лæг уæвын. Никъала йæ цардвæндагæй равдыста, цыфæнды идеологи æмæ зонадон архайды дæр нацийы интерестæ æппæты сæйрагдæр кæй сты, уый. Уымæн æвдисæн ноджыдæр ма йæ иу чиныг «Две трагедии Южной Осетии». Зонадон теоритæ ивынц, зæронд кæнынц, фæлæ адæмы хæрзæбоныл хъуыдытæ æмæ бæллицтæн ницыхъом у рæстæг. Астрономийы чиныг иронау фысгæйæ, Сиукъаты Никъаламæ дæр уыдис ахæм рæсугъд бæллицтæ æмæ сæ хъæуы зонын, фæзмын, уыдон макуы хъуамæ ферох уой ирон адæмæй.