Фулдæр гæнæнтæ ирæзгæ фæлтæрæн. Федералон программæ æнцон фадуæтти архайдмæ гæсгæ Лескени байгом æй сувæллæнттæн гъазæн æма спортивон – фæзæ.
Æ ном фæлтæртæй иронх нæ уодзæнæй. Хæзнидони скъолай байгом кодтонцæ Цæгат Иристони ахуради скъуæлхт косæг Батоти Даукуйи фурт Тамерлани номбæл кади фæйнæг.
Зумæгмæ цæттæ. Ирæфи райони кустуæттæ, ахургæнæндæнттæ, рæвдауæндæнттæ æма æндæр уагдæнтти гъаргæнæнтæ рæвдзæ æнцæ сезонмæ.
Аци бон бæрæг кæнунцæ ахургæнæги бон . Уоци кади аккаг адæнæй гъæздуг æй Дигори район дæр. Фембалдан 34 анзи сувæллæнттæн ка лæггадæ кæнуй, уоци Хадати Светлани хæццæ.
Къуæрей дæргъи адæм зонгæ кодтонцæ зундгонд скульптор Соскъити Владимири кустити хæццæ. Цæгат Иристони син равдист исаразтæ фиццаг хатт.
Цард цæуй æма фарнæ хæссуй. Дигори райони сувæллæнтæн фæззиндтæй фулдæр гæнæнтæ сæ ацъагъуæ раргом кæнунæн.
Сбæрæг æнцæ, Республики раздæри сæргълæууæг, Хъæбæлоти Билари номбæл стипендий хецæуттæ. Ессæнæнцæ æй ахури анзи дæргъи
Уæрæсей cбæрæг кодтонцæ гъомбæлгæнæги бон. Уоци хъиамæтгин адæнæй еу æй Гъуцъунати Розæ. Е 44 анзи фæккуста рæвдауæндони сæргълæууæгæй.
Куд Цæгат Иристони æгас зæнхкосгутæ, уотæ Дигори райони дæр райдæдтонцæ сæ бæркад есун. Бавналдтонцæ нартихуар æмбурд кæнунмæ.
Цæгат Иристони гъæутæй бабæй еуей цæргутæ райстонцæ лæвар. Толдзгуни гъæуи байгом æй Культури артдзæстæ.
Иристони сфæлдистади къæбец фæгъгъæздугдæр æй нæуæг киунугæй . Æ кæсгутæбæл исæмбалдæй Хæзнидони, туххæй фиццаг киунугæ, «Повесть о Хазнидоне».
Цæгатæй æргъуди , уæлдай æхцæуæн æй. Иристонæй Туркмæ ка рафтудæй, уони байзадтæгтæ не ронх кæнунцæ сæ уедæгтæ. Уой фæдбæл, адон хатт райстонцæ арфи дзубандитæ.
Аланибæл дзуæрттæ бафтауни мин сæдæ анзей кадæн мадзæлттæ куд цæттæ конд цæунцæ, уобæл æрдзурдтонцæ сæрмагонд къамиси æмбурди.
Федералон программити фæрци аййевгæнæн куститæ идарддæр конд цæунцæ республики районти. Чиколай сæ фæрци фæззиндзæнæй «Уæлахези Парк».
Нури уæнгæ ка нæма адтæй уæхæн гъуддаг! Рохс фæууидта Дигоргоми æрдзи атлас. Йæ саразæг æй Тамати Таймораз.
Еума хатт бабæй республики хецауади сæрдар Тускъати Таймораз фæууидта арæзтæдти уавæр.
Рæстæг цæуй æма фарнæ æрбахастæ Лескени гъæуи цæргутæн. Фæстаг рæстæг си сæ царди æнцондзинадæн конд æрцудæй берæ амæлттæ.
Чиколай дуккаг скъолай ахургæнгутæ æма ахурдзаутæ сæхе цæттæ кæнунцæ нæуæг цалцæггонд скъолай косунмæ æма ахур кæнунмæ. Йæ цалцæг кæронмæ фæхъхъæртуй.
Ӕнæнгъæлæги лæвар суйнаг дохтуртæн. Коронавирусæй сæйгити хæццæ ка куста,уоци студенттæн-медиктæн ординатурæмæ ратдзæнæнцæ нисанмæ бунæттæ.
Фæсевæди рæсугъд федæнбæл гъуди кæнгæй. Рспублики районти æнтæсгин куст кæнунцæ фæсевæди социализаций центри хайæдтæ.
Фæстаг цалдæр мæйи, пандемиямæ гæсæг, нæ кустонцæ сувæллæнтти рæвдауæндæндтæ. Гъæуама абонæй фæстæмæ агас республики дæр сæ архайд райдайа нæуæгæй.
Цæгат Иристони фондзсæдæ æртин авд медицини косæги райстонцæ феддонтæ, коронавирусæй ке фæсæйгæй, æнцæ уой туххæй. Уоци нисантæн радех кодтонцæ æртин æхсæз милиуан соми.
Республики районти, гъæутæ æма горæтти цæргути æнцондзинадæн ци арæзт цæуй, уой туххæй нæ рубрикæ «Адæми æнцондзинадæбæл куст».
Ирæфи райони Лескени сæйраг гъæунгæбæл цæугути деси бафтауй гъæунги музей. Ес си 500 экспонаттемæй фулдæр.
Цæгат Иристони скъолати рауагъдонтæ лæвæрд фæцæнцæ еумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ. Цума Дигори райони скъоладзаутæн ци уавæртæ æма гæнæнтæ адтæй.
Ракъахдзæф кодтонцæ дæсниадæ бафæлваруни надмæ. Цæгат Иристони Паддзахадон университети хуæздæр рауагъдонтæн , кадгин уавæри равардтонцæ сæ дипломтæ.
Иристони кæмдти бæрæг кæнунцæ Изæдти бæрæгбæндтæ. Задæлески сæрмæ хонхи фахсбæл лæгæти саразтонцæ Дигори изæди кувд.
Фулдæр гæнæнтæ. Республики гъæути цæргутæн кусти бунæттæ скæнуни нисанеуæги хæццæ Битарти Вячеслав ракурдта гъæути кустуат скæнун ке фæндуй, уонæй цæмæй сæ фæндонди туххæй фегъосун кæнонцæ.
Зæрдиаг кустæн алкæддæр цæуй аргъгонд. Ирæфи райони хуйæн фабрики косгутæ хуарзæхгонд æрцудæнцæ Республики Хецауади арфи гæгъæдитæй.
Фæстаг рæстæг Цæгат Иристони районтæй хуæрзæрдæмæ æййивддзинæдтæ кæми не рæцудæй, уæхæн, æвæдзи нæййес. Сæ абони хæбææрттæ нин ракодта Ирæфи райони сæргълæууæг Хидирти Батраз.
Фæстаг рæстæг Цæгат Иристони гъæутæй сæ социалон-экономикон уавæр кæмæн фæххуæздæр æй е æй Дур-Дури гъæу. Фæзиндæтй си нæуæг гъуддагутæ, фулдæр гæнæнтæ
Куд царди иннæ къабæзти, уотæ республики гъæууон хæдзаради райрæзтбæл дæр хъæбæр фæббæрæг æй грантти æнхус. Фæззиндтæй берæ нæуæг хæдзарæдтæ, ка ба фæуæрæхдæр кодта æ гæнæнтæ.
Республикон газет «Дигорæ», кæд нури уæнгæ цудæй дæс бонемæ еу хатт, уæд нур арæхдæр æмбæлдзæнæй æ кæсæгбæл.
Цæгат Иристони сæргълæууæг Битарти Вячеслав республики районти адæми царди уавæр хуæздæр базонуни туххæй фембалдæй Ирæфи райони сæргълæууæг Хидирти Батрази хæццæ.
Аци бон райдæдтонцæ Еумæйаг Паддзахадон фæлварæнтæ. Дæдтунцæ сæ, географи, литературæ æма информатикæ ка равзурста, етæ.
Иристони кæмттæ гъæздуг æнцæ æрмæст сæ æрдзи рæсугъддзинадæй нæ, фал фиддæлтиккон ковæндæндтæй. Дигоргоми бæрзонддæр гъæутæй еу, Хæнæзæй рацæугутæ бабæрæг кодтонцæ Хæнæзи Уациллай ковæндонæ.
Аци бон æгас дуйней дæр бæрæг кæнунцæ наркотикти нихмæ тох кæнуни бон. Интернети фæрци арæзт цæуй фæсевæдæн пайдайаг амæлттæ.
Нæ телерадиокомпани идарддæр архайуй Стур уæлахезмæ æвæрæн ка бахаста , уони хабæрттæ дзиллиттæмæ хæссунбæл.
Дзæуæгигъæуи Гергити Валерий номбæл аивæдти колледжи фарсбæл фæззиндтæй, зундгонд дирижер, Гергити Валерийи хузæ.
Хуарз хабар студенттæн. Нæуæг ахури анзи Хъæбæлоти Билари номбæл Цæгат Иристони Хецауади Паддзахадон стипенди райсуни фæндон кæмæ ес, уонæн есун райдæдтонцæ сæ гæгъæдитæ.
Иристони сфæлдистади къæбиц бабæй фæгъгъæздугдæр æй нæуæг æвæрæнæй. Рохс фæууидта республики фæнзуйнагдæр гъæутæй еу Хæзнидони туххæй киунугæ – «Повесть о Хазнидоне»
Аци бон арæзт цæунцæ фæстаг тренировкитæ Уæлахези 75 анзей кадæн Æфсæддæон паради архайгутæн. Исон ба уодзæнæй генералон репетици