Ирæфи райони Мæцути фæззиндтæй нæуæг зæрдæбæл дарæн бунат.
Фиццаг дигорн поэт Гурдзибети Блашкайæн си ивæрд æрцудæй циртдзæвæн. Рохс фæууидта дигорон æмдзæвгити устур æмбурдгонд «Дигорн поэзий антологи». Фембалдан æ саразæг Сæбанти Бариси хæццæ. Адæми аккаг æ цард.
Нæ рубрикæ «Курухон адæмæгутæ» -мæ æрбахудтан Ирæфи райони «Стур Нихас»-и сæрдар Гуæцæлти Агубей.
Рæхги, Ирæфи райони Федералон трассæбæл цæугутæн фæззиндзæнæй хуæздæр уавæртæ. Арæзт си цæуй гъæубæл еувæрсти цæуæг над. Æ ном цæруй.
Дигорай киунæгæдони арæзт æрцудæй тугъдон лæг, финсæг Тетцойти Тайморази имæсæн изæр.
Иристони хуæзæр студенти номи аккаг иссæй Гæзæлти Александр. Нур æнгъæлмæ кæсуй Уæрæсей æмвæзади къæпхæни байархайдмæ.
Цæгат Иристони Паддзахадон университети президент Мæхæмæтти Ахурбегæн лæвæрд æрцудæй «Иристони фæллойни бæхъатæр» – и ном. Царди домæнти хæццæ æмдзогæнгæй агоруй маддæлон æвзаг ахур кæнунæн фæрæзнитæ.
Будайти Мурат саразтæ сæрмагонд æвзаг ахур кæнæн видео курс. Ирæфи райони сфæлдистадон скъолайæн, гъæути фæззиндæй косæн бунæттæ. Сувæллæнттæ си архайунцæ зæрдиуагæй.
Разæнгарддзинадæ гъæуй алцæй райдайуни гъуддаги дæр.
Лескени æхсæри бæлæсти будуртæ ка аразта, етæ дæр сæ уоци менеуæги фæрци аци бон цийнæ кæнунцæ сæ кусти бæрæггæнæнтæбæл.
«Ирон фæндур»! Арæзт æрцудæй уæхæн нооми хæццæ æвзагзонунадæн пайдайаг конкурс. Хуарз мадзал шахмæттæй гъазунбæл ка ахур кæнуй, уонæн.
Дигорай цæрæг Годзойти Гурами фæрци фæззиндтæй нæуæг киунугæ «Выдающиеся шахматисты всех времен и народов «.
Парти «Еугонд Уæрæсей» минæвæрттæ фæууидтонцæ Синдзигъæуи фельдшерон – акушерон пункти арæзтади цуд.
Дигори райони зæнхкосгутæ бавналдтонцæ сæ тиллæг æфснайунмæ.
Дзæуæгигъæуи 65-аг рæвдауæндонæ сбæрæг кодта æ 50 анзей юбилей.
Фулдæр гæнæнтæ сувæллæнттæн! Хъарман – Синдзигъæуи байгон æй рæвдауæндонæ. Нури уæнгæ си нæ aдтæй уæхæн гæнæн.
Æaллибони гъуди – Иристони аивади къæбецмæ æвæрæн бахассун. Нæ равдисти иуазæг æй Секъинати Элитæ.
Футболи бæрæгбон. Чиколай арæзт æрцудæй Цæрикъати Тараси хуæрзеугутæ рамолуни 5 – аг республикон турнир футболæй.
Акци «Зæрдæй зæрдæмæ» æнхæстгонд цæуй идарддæр. Æ фæрци беретæ иссæнцæ фoнсдаргутæ.
Ахургæнæги дæсниадæ, дæсниадæ нæй фал, уоди менеуæг. Ка си фæххайгин уй, е, цæргæбонти, æ зонунддзинæдтæ хайгин кæнуй иннети.
Бæрæгбони лæвар. Дигорай цæргутæ басагъæс кодтонцæ Аланибæл саргъуди мин сæдæ анземæ цæмæдесаг гъуддаг саразунбæл.
Исон Уæрæсей бæрæг кæндзæнæнцæ гъомбæлгæнæги бон. Федæни хуæрзуод адæймагæн бундор æвæргутæй еуей хæццæ фембалдæй не сфæлдистадон къуар.
Ирæфи райони цуппæрдæс гъæуемæй дууадæсемæн æвзæрст æрцудæй сæргълæугутæ. Сæ цуди кой нин ракæндзæнæй райони администраций сæрдар Лагкути Омар.
Фæцæнцæ Цæгат Кавкази цуппар республикебæл цæуæг велосипедон еристæ. Æ архайгути исиуазæг кодтонцæ Хæзнидони .
Æнцад бадун нæ зонуй. Лескени цæрæг Цъеути Валентинæ пенсимæ рацæугæй æхемæ раргом кодта нæуæг ацъагъуа – наси хузтæй аразуй дессаги дзаумæуттæ.
Цæгат Иристони дууæ бони цудæнцæ æвзæрститæ. Адæм гъæлæс кодтонцæ сæ бартæбæл дзоргутæбæл республики парламенти, удта гъæути сæргълæугутæбæл.
Паддзахадон Дигорн театр æ нæуæг театралон сезон байгом кодта спектакль «Аслæнбеги милиуантæй». Над ке иисердта адæми зæрдитæмæ, уомæн æвдесæн адтæй театрдзаути цæстæнгас. Косунцæ сæ уарзон спорти хузæй архайунæн фæрæзнитæ ерунбæл.
Чиколай ци дзюдой секци косуй, уомæн тæссаг æй исæхгæнунæй.
Фæстаг æнзти Паддзахадон æнхуси фæрци ирæзунцæ царди архайди æгас къабæзтæ . Ирæфи райони дæр, уой фæрци, фæффулдæр æнцæ фонсдаруни куст кæнгутæ.
Иристони сфæлдистади хæзнадонæ бабæй фæгъгъæздугдæр æй еу рауагъдæй. Рохс фæууидта Уæдати Сулеймани киунугæ «Цард æма æцæгдзинадæ».
Сапицкийи фæлладуадзæн бунати арæзт æрцудæй зеу. Архайдтонцæ си 70 адæймаги.
Царди цуди хæццæ æ сагъæстæ æма æ гъудитæ фулдæр здахуй фиддæлти фарнæ æма хæзнатæ багъæуай кæнунмæ. Не сфæлдистадон къуар иуазæгуати адæтæй Иристони куруходæр æма зунгондæр адæмтæй еуемæ – Хъульчити Æхсарбег нин раргом кодта æ уоди æнкъæрантæ.
Цæгат Иристон архайдзæнæй конкурс «Мастер годи». Республики кадæ си гъæуай кæндзæнæй
10-аг сентябри Ирæфи райони Хæзнидони гъæуи стадиони сæмбæлдзæнæнцæ велоспортæй еристи Уæрæсей игон чемпионати 5 –аг этапи финæлисттæбæ
Фæ ззиндзæ й хуæ здæ р уавæ ртæ саразунæ н фадуат. Дигора æ ма Беслæ н иссæ нцæ Паддзахадон грантти хецæ уттæ .
Бунæ ттон зæнхкосгутæ архайунцæ сæ тиллæ гæ й Цæ гат Иристони цæ ргути æ фсадунбæ л. Уой хæ ццæ ба ма нуриккон технологитæ й пайда кæ нгæ й.
Муди пайдадзинадæ адæ ймаги æ нæ нездзинадæ н, рагæ й ертæ ст æ й. Фал ибæ л ци берæ хъиамæ т ес, уой ба алке нæ зонуй.
Иристони археологон ертæститæбæл æнæзинадæй ка косуй, уонæн цæуй кадæ конд.
Æргом дзубандимæ нæ студимæ рбахудтан профессор Тахъазти Дзантемури фурт Валерий.
Куд алли анз, уотæ бабæй нур дæр Задалески сбæрæг кодтонцæ Задæлески Нанай бæрæгбон.