филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:51 суббота, 04 мая 2024
14 февраля 2024, 11:07
100 азы сæххæст зындгонд ахуыргонд-филолог Салæгаты Зойæйы райгуырдыл

Кæддæриддæр тырныдта се ппæтæн аив дзырд бауарзын кæнынмæ

100 азы сæххæст зындгонд ахуыргонд-филолог, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг литературæйы кафедрæйы профессор, филологон наукæты доктор, Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты наукон кусæг, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны наукæты сгуыхт архайæг Салæгаты Зойæйы райгуырдыл. Зойæ уыд рухстауæг. Кæддæриддæр тырныдта се ппæтæн аив дзырд бауарзын кæнынмæ. У 100 наукон куысты автор. Уæлдай парахат та у йæ æмбырдгонд «Ирон адæмон сфæлдыстад». Касаты Наирæ радзурдзæн бæстондæр.

Куыстуарзаг æмæ стыр зæрдæйы хицау æппынæдзух йæ хиуыл чи куыста, æмæ йæ зонындзинæдтæ чи парахат кодта, ахæм адæймаг. Раст цыма йæ йæ сабидугæй дæр зонгæ кодта стыр фидæн æм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый… Фæлæ цæмæй царды акаг бынат бацахсай, уый тыххæй та бакусын хъæуы æвæллайгæйæ, стæй æнæрлæугæйæ. Афтæ бакодта Салæгаты Зойæ дæр. Йæхиуыл куыста йæ гыццылæй фæстæмæ, æмæ сси филологон наукæты ирддæр минæвæрттæй иу.

Сæдæ наукон куыстæй фылдæр, йæ уарзон факультетæн бирæ азты лæггад. Йæ фæллæйттæ сты дæнцæгæн хæссинаг. Литературæйы къабазы æрмæст кусгæ нæ кодта, фæлæ йын лæггад кодта зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ.

Йæ студенттæ уыдысты тынг бирæ. Æмæ сæ алчидæр æмбæрста, Зойæ Мироновнæмæ ахуыр кæнын у стыр амонд. Профессор æмæ филологон наукæты доктор æрмæст педагог нæ уыди. Уыди цæстуарзон хъомылгæнæг дæр. Йæ зонындзинæдтæ рæдауæй лæвар кодта кæстæртæн, йæхæдæг та сæ æмбырд кодта цæргæнбонты.

Йæ зонындзинæдтыл æфтауынæй никуы бафæллад. Наукæ Салæгаты Зойæ барста арвы тыгъдадимæ. Профессоры куыстытæ рухс федтой йе стыр уарзондзинады фæрцы йæ куыстмæ. Иннæ ахуыргæндтæ та сæ дарддæр хæццæ кæнынц сæ иртæстыты.

Уæрæсейы наукæты сгуыхт архайæг никуы фæфæсмон кодта йæ равзæрст фæндагыл. Уый нæ, фæлæ ма йын йæ бахъуаджы рæстæг дæр баххуыс кодта, æмæ  йын ферох кæнын кодта йæ зындзинæдтæ.

Интеллигентон, зæрдæхæлар адæймаг, алкæддæр цæттæ уыди баххуыс кæнынмæ. Зойæ æппæты зындгонддæр ахуыргæнджыты хсæн бацахста аккаг бынат, уый иу, фæлæ сæйрагдæр та уый, æмæ баззад  йемæ зонгæ чи уыди, уыцы адæмы зæрдæты.

Цасфæнды рæстæг дæр куы рацæуа, уæддæр рох нæу, стæй нæ уыдзæн. Хъуыды йæ кæнынц, куыд сыгъдæгзæрдæ адæймаг, стыр ахуыргонд. Йæ студенттæ æмæ йæ алыварс адæм зæгъынц, æнæ Зойæ филологон наукæты дуне ахæм ахадгæ нæ уыдаид.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania