филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:00 суббота, 18 мая 2024
06 июня 2019, 12:00
13-æм июны фæлладуадзджыты фыццаг фæлтæр суазæг кæндзæн лагерь «Металлург»

Фæлладуадзæн сезонмæ йæ куыд бацæттæ кодтой, уый феныны тыххæй Куырттаты коммæ кусæг балцы ацыд Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур.

13-æм июны фæлладуадзджыты фыццаг фæлтæр суазæг кæндзæн лагерь «Металлург». Фæлладуадзæн сезонмæ йæ куыд бацæттæ кодтой, уый феныны тыххæй Куырттаты коммæ кусæг балцы ацыд Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур. Æмтгæй райсгæйæ, баззад разыйæ. Уæлдай æргом дзы аздæхтой сывæллæтты æдасдзинадмæ. Цавæр ногдзинæдтæ уыдзæн лагеры, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

2019-æм азы мартъийы сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерь «Металлург» сси ресурсон центр «Кавказы бархионы» иу хай. Куыд зонут, афтæмæй раздæр уыд Электроцинчы заводы бæрны. Йæ хицау кæй аивта, уымæ гæсгæ разамынд тыхсти, фæлладуадзæн сезонмæ кæй нæ байгом уыдзæн, уымæй. Фæлæ дзæгъæлы тарстысты. Фæлладуазджыты фыццаг фæлтæр лагерь «Металлург» суазæг кæндзæн 13-æм июны.

Лагерь фæлладуадзæн сезонмæ куыд бацæттæ кодтой, уый феныны тыххæй Куырттаты коммæ кусæг балцы ацыд Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур. Баззад разыйæ. Корпустæ сыгъдæг, райдзаст, цалцæггонд хæрæндон, нырыккон цæлгæнæн æмæ ма суанг бæстыхайы алфамбылай цъæх фæлыст. Алцыдæр цæттæ у фæсивæды суазæг кæнынмæ. Уæлдай æргом аздæхтой æдасдзинадмæ.

Лагерь дарынæн хъæуынц бирæ фæрæзтæ. Бассейн сыгъдæг кæнынæн цы реагент балхæнынц, уый аргъ у сæдæ мин сомæй фылдæр. Уымæй дарддæр ма ис æндæр куыстытæ дæр, загъта Таймазты Артур. Фæлæ сывæллæтты удæнцойæн хъæуы æмдыхæй кусын.

56 азы дæргъы лагерь Металлурджы сæ фæллад суадзынц, 7-æй – 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ. Ацы аз дзы уыдзæн 4 фæлтæры. Уый та у 800 адæймаджы сæрды кæронмæ. Фидæнмæ ма лагеры территорийы нысан кæнынц спортивон центр саразын дæр.

Лагеры фыццаг фæлладуадзджытæ ныр сты ацæргæ адæм. Æмæ ардæм æрбаласынц сæ кæстæрты, суанг сæ цоты цоты, æмæ ма уыдоны хъæбулты дæр. Ахæм хорз традици хъуамæ æххæстгонд цæуа дарддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania