Сси Дзæуджыхъæуы символтæй иу, хъахъхъæд дзы æрцыдысты историон интерьертæ, æрлæууыдысты-иу дзы зындгонд уазджытæ
130 азы бæрæг кæны фысымуат «Империал». Сси Дзæуджыхъæуы символтæй иу, хъахъхъæд дзы æрцыдысты историон интерьертæ, æрлæууыдысты-иу дзы зындгонд уазджытæ. Юбилейы кадæн сфæнд кодтой сног кæнын музыкалон-поэтикон изæрты традици. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Суанг ма «Империал»-ы цартæн дæр ис сæхи хицæндзинад. æххуыс кæнынц зæлтæн залы æмхуызонæй зæлын. Уазæгдзæрæны ахæм хицæндзинады тыххæй уазджытæн радзырдта Цæллагкаты Зæлинæ. Ныр 5-æм сезон аразы экскурситæ горæты æмæ куыд зæгъы, афтæмæй проспекты йæ уарзондæр бынæттæй иу у «Империал».
Хъахъхъæд æрцыдысты историон интерьеры бирæ хæйттæ: 19-æм æнусы рудзгуытæ, хъуымацæй обойæтæ. Алы азты ам уыд зындгонд уазджытæ. Се хсæн Максим Горький æмæ Александр Вертинский. Уазæгдзæрæны арæх уыдысты музыкалон-поэтикон изæртæ. æмæ ныр сфæнд кодтой уыцы традици сног кæнын. Юбилейон мадзалы цагъдта пианист Будайты Гермæн, æмдзæвгæтæ кастысты поэтессæтæ Тамара Май æмæ Залина Яхъяева.
Ам куыста ресторан симфонион оркестримæ æмæ варьетеимæ. «Империал» ныр 130 азы бæрц æххæст кæны йæ сæйраг нысан – æхсызгонæй æмбæлы уазджытыл.
Кæддæр «Интурист» уыд кадджын уазджытæн æмæ фæсарæйнаг делегацитæн сæйраг адрис. Ныртæккæ та уазæгдзæрæн ногæй хæссы историон ном «Империал». Хъахъхъæны зæронд Дзæуджыхъæуы атмосферæ æмæ йæ æргом кæны ног уазджытæн.




