21 июля 2026, 13:46
18-æм, 19-æм æмæ 20-æм сентябры 2026-æм азы æвзардзысты Паддзахадон Думæйы 9-æм æмбырды депутатты
Хъæлæс кæныны бонты нæ республикæйы территорийы байгом уыдзысты 309 æвзарæн участочы
18-æм, 19-æм æмæ 20-æм сентябры 2026-æм азы æвзардзысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы 9-æм æмбырды депутатты. Хъæлæс кæныны бонты нæ республикæйы территорийы байгом уыдзысты 309 æвзарæн участочы. Уыимæ ма хаст æрцыд уынаффæ, 19 участочы байгом кæныны тыххæй, адæм рæстæгмæ кæм вæййынц, ахæм бынæтты. Республикæйы 4 районы æмæ Дзæуджыхъæуы, стæй дæрддзæф рæтты æвзæрстытæ цæудзысты уæлæмхасæн хуызмæ гæсгæ. Æвзарæн участоктæ ифтонг уыдзысты, нырыккон æзварæн стандарттæм гæсгæ. Æдæппæтæй æвзæрстыты агъоммæ Цæгат Ирыстоны кусдзысты æвзарæн къамисты 3 мины æмæ 500 уæнгæй фылдæр.
темæмæ гæсгæ




