филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:04 четверг, 09 мая 2024
31 августа 2022, 11:36
200 азы сæххæст Ирыстоны зындгонд æхсæнадон архайæг æмæ рухстауæг Колыты Аксойы райгуырдыл

Уый фæдыл мадзæлттæ арæзт æрцыдысты йæ номыл скверы

200 азы сæххæст Ирыстоны зындгонд æхсæнадон архайæг æмæ рухстауæг Колыты Аксойы райгуырдыл. Уый фæдыл мадзæлттæ арæзт æрцыдысты йæ номыл скверы. Номарæн мадзæлтты бацархайдтой Мариинаг театры филиалы нæлгоймæгты хор, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы æмæ Колыты Аксойы номыл дины гимназы ахуырдзаутæ, Хуссар Ирыстонæй уазджытæ æмæ культурæйы архайджытæ. Се ппæтæн дæр арфæйы ныхæстæ загъта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим. Колыты Аксо стыр æвæрæн бахаста Ирыстоны ахуырады æмæ рухстауыны рæзтмæ. Стыр æргом здæхта скъолатæ аразынмæ. Уымæ гæсгæ 19-æм æнусы 60-йæм азты куыстой 7 дины скъолайы. Уымæй дарддæр Аксо куыста, социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы фарстатæ иуварс кæныныл. Йæхи фæрæзтæй Дзæуджыхъæуы сарæзта фыццаг скъола сæрмагондæй ирон чызджытæн. Кæд бирæ нæ фæцарди, уæддæр ын бантыст сæдæгай адæмæн баххуыс кæнын, æмæ йæ ном сæнусон кæнын. Уымæн æмæ йæ фæрцы ирыстойнаг ахуырад рацыд уæлдæр æмвæзадмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania