филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:47 воскресенье, 19 мая 2024
14 октября 2020, 11:14
200 милуан сомы хардзгонд æрцæудзæни, фидæны курорт «Мамысон»-ы фæндагыл цы тъунел ис, уый рацарæзтыл

Уый тыххæй Хицауады æмбырды фехъусын кодта фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль

200 милуан сомы хардзгонд æрцæудзæни, фидæны курорт «Мамысон»-ы фæндагыл цы тъунел ис, уый рацарæзтыл. Уый тыххæй Хицауады æмбырды фехъусын кодта фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Ацы фæрæзтæ дихгонд æрцыдысты Уæрæсейы резервон фондæй. Тъунелы рацарæзт кæронмæ фæуын фæнд кæнынц 2021-æм азы кæронмæ. Уый уыдзæни комплексы инфраструктурæйы рацарæзты  къæпхæнтæй иу. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй фæлладуадзæн комплексы арæзтадыл ныхас цæуы федералон æмвæзадыл.

Хицауады æмбырды сбæрæг кодтой, Абайты Васойы æмæ Плиты Грисы номыл стипендиты аккаг чи систы, уыдоны номхыгъд дæр. Фехъусын сæ кодта республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Людмила Башарина. Æрвылмæй 8 мин сомы стипенди ацы аз исдзысты аспиранттæ Бететы Фатимæ æмæ Æлборты Тамарæ. 5 мин сомы та дæтдзысты педагогон институты филологон фалкультеты студенткæ Уырымты Мæдинæйæн, стæй Джабиты Илонæйæн. Уый та ахуыр кæны ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, ацы преми исынмæ курдиæттæ чи балæвæрдта, уыдоны нымæц къаддæр кæны. Æмбырды ныхæс цыди, æнæкоммерцион организацитæн субсидитæ дæттыны хъуыддагыл дæр. Бæлвырддæр та – коронавирусимæ тохыл цы фæрæзтæ дихгонд æрцæудзæн, уыдоныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania