Се хсæн сты Айлартæ дæр
2004-æм азы 1-æм сентябрь бирæ бинонты цард аивта. Се хсæн сты Айлартæ дæр. Уæд Юрий æмæ Рафæ сæ чызджы æрбакодтой 1-æм къласмæ. Фыдгæнджытæ куы æрбабырстой, уæд бинонтæ аззадысты хицæнæй. Ныййарджытæ аирвæзтысты, фæлæ чызг нæ. Уыцы цаутæ нæ рох кæнгæйæ, бинонтæ дарддæр цæрынц. æмæ сын ис, цæй тыххæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Айларты бинонтæн 1-æм сентябрь æнустæм сси рысты æмæ хыджы бон. Уыцы цауты уæззаудзинад сæхиуыл æххæстæй банкъардтой. 2004-æм азы Юрий, йæ бинойнаг Рафæ æмæ сæ чызг Светланæ æрбацыдысты Беслæны 1-æм скъоламæ. Чызг хъуамæ фыццаг къласмæ бацыдаид. Се ппæт дæр æнхъæлмæ кастысты бæрæгбоны линейкæмæ. Цалдæр минутмæ алцыдæр аива.
Бинонтæ аззадысты хицæнæй. Рафæ æмæ Светæ уыдысты спортзалы. Юрийы иннæ нæлгоймæгтимæ акодтой. Террористтæн уыдысты тæссаг æмæ сæ уайтагъд иннæтæй фæхицæн кодтой. Юрий уыцы цаутæ бæлвырд хъуыды кæны.
Юрийæн аирвæзын бантыст, фæлæ æппæты зындæр рæстæг нырма разæй уыд. Скъолайы баззадысты йæ бинойнаг æмæ йæ чызг. Юрий – рынчындоны, уыдон та – спортзалы. Уый фæстæ æнхъæлмæкаст раивта агурынтæй. Светæйы агуырдтой цæфты æмæ чи фæмард, уыдоны хсæн дæр. Рафæйы хо Регинæ мысы уыцы цаутæ. Куыд зæгъы, афтæмæй чызджы базыдтой йæ хъусæджытæм æмæ йæ фæсонтыл сауыстъæлфмæ гæсгæ.
Светæйыл цыд 6 азы. Хæдзары баззадысты йæ нывтæ æмæ скъолайы тетрæдтæ. Рафæ сæ ныр дæр хъахъхъæны. Трагедийы фæстæ бинонтæ ахуыр кодтой ногæй цæрыныл. æмæ 4 азы фæстæ æрцыд æхсызгон цау – райгуырд Самирæ. Абон ыл цæуы 18 азы. Ацы аз скъола каст фæцис æмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ экономикон факультетмæ.
Рæстæг цæуы. Уыцы 3 уæззау боны цаутæ рох никуы уыдзысты. Бинонтæ сахуыр сты семæ цæрын. Сæ уарзон Светланæйы хъуыды кæнгæйæ, абон сæ сæйраг хæзна у Самирæ, йæ фæндтæ æмæ йæ бæллицтæ




