филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:38 пятница, 17 мая 2024
30 апреля 2021, 13:31
2021-æм азы æвзæрстытæм æхсæнадон цæстдарджыты ахадындзинад

Ацы фарстайыл ныхас цыди республикæйы Æхсæнадон палатæйы æмбырды

2021-æм азы æвзæрстытæм æхсæнадон цæстдарджыты ахадындзинад. Ацы фарстайыл ныхас цыди республикæйы Æхсæнадон палатæйы æмбырды. Алыхуызон æхсæнадон органитзациты минæвæрттимæ фыст æрцыди бадзырдтæ. Регионалон хайады сæрдар Нина Чиплаковайы ныхæстæм гæсгæ, 20 бадзырдæй 4 бафыстой партитимæ, иннæ 16 та æхсæнадон организацитимæ. Абонмæ хыгъды ис 9 сæдæ æстай цæстдарæджы. Хъуыддагмæ йе вæрæн бахæссын кæй фæнды, уыдон сты бирæ, уымæ гæсгæ ацы фарстайыл кусдзысты дарддæр. Паддзахадон Думæмæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм æвзæрстытæм цæстдарджытæ ныридæгæн ацыдысты ахуырты фыццаг къæпхæн. 5 районы скодтой ахуырадон семинартæ. Мадзалы архайдта «Хæдбар æхсæнадон мониторинджы» ассоциацийы сæрдар Александр Брод. Куыд загъта, афтæмæй æвзæрстытыл æууæндындзинад рæзы. Ныртæккæ сæйраг хæс у, цæмæй ацæуой æнæ закъонхæлдтытæй. Цæгат Ирыстон курдиат балæвæрдта, дистанцион æгъдауæй хъæлæс кæныны тыххæй. Уый фæрцы, æвзæрстытæм се ргом раздахдзысты æрыгон фæлтæр дæр. Практикæ куыд амоны, афтæмæй нырыккон технологитæй пайда кæныны фæрцы, фæсивæд сæ граждайнаг хæс сæххæст кæнынц разæнгарддæрæй. Центрон Æвзарæн Къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, цæстдарджыты бæрнон архайд стыр ахъаз уыдзæни æвзарæн хайæдты куысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania