филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:44 среда, 15 мая 2024
11 января 2023, 11:33
2022-æм азы цæгатирыстойнаг спортсментæ æдзухдæр уыдысты алы къæпхæнты ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты хыгъды

Рамбылдтой 841 майданы регионалон æмæ æппæтуæрæсеон ерысты

Фарон Уæрæсейы ныхмæ цы санкцитæ фидаргонд æрцыд, уыдон фæзындысты цардархайды алы къабæзтыл. Сæхиуыл сæ банкъардтой нæ бæстæйы спортсментæ дæр. Бирæ дунеон турниртæм сын фæндаг æхгæд æрцыд, фæлæ уæддæр цы ерысты архайдтой, уыдоны сæхи æнæмæнг æнтыстджынæй равдыстой. Æмæ уымæй спортивон къæбиц фæхъæздыгдæр кодтой алыхуызон хæрзиуджытæй. 2022-æм азы хатдзæгты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

2022-æм азы цæгатирыстойнаг спортсментæ æдзухдæр уыдысты алы къæпхæнты ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты хыгъды. Рамбылдтой 841 майданы регионалон æмæ æппæтуæрæсеон ерысты. Республикæйы иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй, раздæрау, дунейы у тыхджындæртæй иу. Ирон богæлттæ афæдзы дæргъы уыдысты раззагдæр бынæтты.

74 килограммы онг уæзы категорийы йæ бæрæггæнæнтæ фæфидардæр кодта Сидахъаты Зауырбег. Олимпаг чемпион фарон йæ сыгъзæрин майданты коллекци фæфылдæр кодта. Тыхджындæр уыд Иван Поддубныйы æхсæнадæмон хъæбысхæцæг Лигæйы 3 къæпхæны. Дмитрий Коркины номарæн турниры йæ банымадтой ерысты хуыздæр богалыл. Зауырбегæн саккаг кодтой «æвзист борцовкæ».

Тыхджындæр богалы статус сфидар кодта Найфонты Артур дæр. Фæуæлахиз, йæ ныхмæ чи лæууыд, уыдоныл се ппæтыл дæр. Фыццаг хатт Уæрæсейы чемпионаты сыгъзæрин майдан рамбылдта Хуыбылты Ален. Æнтыстджынæй райдыдтой спортивон аз Уалыты Радик æмæ Чертхъоты Гурам. Гран-при «Иван Ярыгин»-ы бацахстой фыццаг бынæттæ. Козырты Сергейы хыгъды та 3 сыгъзæрин, 1 æвзист æмæ  2 бронзæ майданы.

Иттæг хорз бæрæггæнæнтæ равдыста сылгоймæгты иугонд командæйы лидер Кæсæбиты Алинæ. Хуыздæрты æмрæнхъ Танделаты Аминæ дæр. Санкциты уавæр фæзынд алы спортсмены мотивацийыл дæр, фæлæ уæддæр цæгатирыстойнаг атлеттæ алыхуызон ерысты уæлахиз кодтой. 2022-æм аз æнтысджын уыд, уæззау атлетикæйæ чи архайы, уыцы спортсментæн дæр. Се хсæн Наниты Тимур, Соттиты Янæ. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы хыгъдмæ 4 сыгъзæрин майданы бахаста Гусалты Зæринæ, 3 сыгъзæрины  – Челæхсаты Мадинæйы хыгъды.

Дзюдойæ иугонд командæты 2 æдзух лидеры Тасойты Инал æмæ Таймазты Мæдинæ. Татамийы рæсугъд æмæ уæлахизон фембæлдтытæ равдыстой Елбакиты Георгий æмæ Хуыбецты Алан. Сæ хатдзæгтæ фæхуыздæр кодтой Зураты Зæлинæ æмæ Хуыбылты Ирэнæ. Кæд санкцитæ ис, уæддæр уæрæсейаг командæйы бауагъдтой æхсæнадæмон турнир «Большой шлем»-ы архайынмæ Улан-Баторы. Нæ бæстæйы командæ сси хуыздæр.

Нырыккон ирон футболы ног истори фыссынц «Алани»-йы уæнгтæ. Афæдзы дæргъы уыдысты сæ дивизионы раззагдæрты æмрæнхъ. Æрмæст командæйы нæ, фæлæ æппæт Лигæйы ирддæр футболисттæй иу сси «Алани»-йы ног хъазæг Артур Галоян. Алы матчы дæр йæхи æнтыстджынæй æвдисы. Ацы сезоны фыццаг хайы ма фесгуыхтысты Ислам МашукОв æмæ Николай Гиоргобиани. Ахæм æнтыстджын хъазт фидæны дзæуджыхъæуккаг клубæн ратдзæн, уæрæсейаг Премьер-Лигæмæ рацæуыны фадат.

Се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсментæ фарон рамбылдтой 110 майданы алыхуызон ерысты. Республикæйы активонæй архайынц ацы категорийы адæмæн спортивон дисциплинæты райрæзтыл. Æппæтæй æнтыстджындæр у рог атлетикæ. Спорты ацы хуызы Сланты Виктория нымад у тыхджындæртæй иуыл.

Цæгат Ирыстоны гæнæнтæ фадат дæттынц дзыллон спорты райрæзтæн дæр. Уый тыххæй реконструкци кæнынц æмæ аразынц спортивон объекттæ. Æнтыстджынæй царды уадзынц федералон проект «Спорт – царды нормæ».

Регионы æнтыстджынæй арæзт цыдысты алыхуызон ерыстæ дæр.  Хъæбысхæсты 3 хуызæй чемпионат, æппæтуæрæсеон ерыстæ аивадон гимнастикæйæ, 2 хатты олимпаг чемпион Андиаты Сосланы номарæн турнир, стæй вилесипедтыл дугъ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania