филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:06 пятница, 03 мая 2024
03 января 2024, 16:07
2023-æм аз Цæгат Ирыстонæн рауад бæркадджын афæдз

Ацы хатт та нæ фæнды спортивон æнтыстдзинæдтæм бæстондæр æркæсын.

2023-æм аз Цæгат Ирыстонæн рауад бæркадджын афæдз. Уыимæ цардархайды алы къабæзты дæр. Ацы хатт та нæ фæнды спортивон æнтыстдзинæдтæм бæстондæр æркæсын. Ивгъуыд аз ирыстойнаг атлеттæ иттæг хорз сæхи равдыстой егъау ерысты. Уæвгæ, спорты алы хуызты дæр не спортсментæ рамбылдтой фыццаг бынæттæ, æмæ нæ республикæйы кой дæрдтыл айхъуысын кодтой

Ирон атлетты бирæ азты спортивон æнтыстдзинæдтæй республикæйы цæрджытæ æнæмæнг сæрыстыр сты. Хъæбысхæст, дзюдо, бокс, фехтовани, уæззау атлетикæ – уæлдæр къæпхæны майдантæ хаст цыдысты бæстæйы иугонд командæты хыгъдмæ. Парахатдæр спорты хуыз – хъæбысхæст. Афæдзы дæргъы йæм сæрмагонд цæстдард уыд. Сидахъаты Зауырбег йæ ном бафыста уæгъдибар хъæбысхæсты дунеон историйы. Сæйрагдæр ын сси дунейы чемпионаты финалы Кайл Дейкимæ фембæлды уæлахиз. 74 килограмы онг уæзы категорийы фыццаг бынат æртыккаг хатт бацахста. Уыцы ерысты цæгатирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой 2 сыгъзæрины, иу æвзист æмæ бронзæ майдантæ. Афтæмæй сæ къухы бафтыд 4 комкоммæ лицензийы Парижы Олимпиадæмæ.

Сыгъзæрин эстафетæ дарддæр ахæццæ кодта дзюдоист Тасойты Инал. Ирыстоны историйы спорты ацы хуызы сси фыццаг дунейы чемпион. Инал ма сси дзюдойæ Стыр шлемы турниры уæлахиздзау Улан-Баторы. Уæлдæр къæпхæны майдан рамбылдта «Стыр шлем»-ы этапы Бакуйы, уый фæстæ та йе *мном турниры Абу-Дабийы. Токиойы ерысты Тасойты Иналы къухы бафтыд бронзæ майдан. Абу-Дабийы Уæрæсейы сылгоймæгты иугонд командæйы хыгъды уыд Таймазты Мæдинæ дæр. «Стыр шлем»-ы дунеон серийы финалы фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл Швецийæ æмæ рамбылдта сыгъзæрин майдан. Европæйы чемпионаты дзюдойæ Мæдинæ райста æвзист хæрзиуæг.

Парахат кæнынц æмхæццæ хъæбысхæсты хуызтæ дæр. Юниортæ сæ фæлтæрддзинадыл æфтауынц æмæ архайынц алыхуызон ерысты. Дæсныдæр спортментæ бафыссынц контракттæ æмæ ерыс кæнынц организациты номæй. Æппæтæй курдиатджындæр хæцæг Бекъойты Азæмæт ацы аз фæуæлахиз æмæ рамбылдта лига LFA-йы рæстæгмæ рон, уый фæстæ та йæ бахъахъхъæдта æмæ сси æххæст чемпион. Ирыстоны дзы сæрыстыр сты.

Республикæйы ахадгæйæ рæзы, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн, уыдоны *хсæн спорт. Æнтыстджындæртæ сты: уæгъдибар хъæбысхæст, футбол, рог атлетикæ, армрестлинг, паратхеквондо, стъолы сæрмæ теннис коляскæтыл, фехтовани коляскæтыл, шашкæтæ æмæ шахмæттæ.

Цæгат Ирыстоны адæмы æргом физкультурæмæ раздахынæн амал кæнынц нырыккон уавæртæ. Уыцы нысанимæ æппæт республикæйы аразынц спортивон объекттæ. Ахадгæйæ рæзы дзыллон спорт дæр сывæллæтты æмæ фæсивæды *хсæн. 2023-æм азы Цæгат Ирыстоны уыд алы æмвæзады 200 ерысæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania