филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:40 вторник, 30 апреля 2024
15 февраля 2024, 11:31
2024-æм азы райдиан ацыдысты дыууæ æппæтуæрæсеон ерысы юниорты, æвзонг спортсменты æмæ нæлгоймæгты хсæн

Атлеттæ нæ республикæмæ сластой 3 сыгъзæрины, 1 æвзист æмæ 3 бронзæ майданы

2024-æм азы райдиан ацыдысты дыууæ æппæтуæрæсеон ерысы юниорты, æвзонг спортсменты æмæ нæлгоймæгты хсæн. Атлеттæ нæ республикæмæ сластой 3 сыгъзæрины, 1 æвзист æмæ 3 бронзæ майданы. Хицæн ныхасы аккаг у, 4 цæгатирыстойнаг спортсмены Уæрæсейы иугонд командæйы архайджытæ джиу – джитсуйæ кæй систы, уый. Спортсментæм фидæны цавæр турниртæ æнхъæлмæ кæсынц, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Æвзонг спортсмен Санахъоты Георгий джиу – джитсуйæ архайы 10 азæй фылдæр. Ардæм æй æрбакодта йæ фыд. Йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæхицæн снысан кодта, бирæ æнтыстдзинæдтæ йын кæй уыдзæн, уый. Георгий архайдта бирæ ерысты. Уыдон – республикон, Цæгат Кавказы æмæ æппæтуæрæсеон турниртæ. Ацы аз архайдта Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерысты джиу – джитсуйæ горæт КонакОвойы æмæ Ирыстонмæ сласта сыгъзæрин майдан. Георгий куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæмæ куы æрæздæхт, уæд ыл тынг зæрдиагæй цин кодтой.

2024-æм азы райдиан ацыд Уæрæсейы чемпионат джиу – джитсуйæ дæр. Нæ республикæйы кад дзы хъахъхъæдтой 8 спортсмены. Се хсæн – Артур Агаширинов. Дагестаны республикæйы минæвар Ирыстоны кад ерысты рагæй хъахъхъæны. Куыд зæгъы, афтæмæй йын нæ республикæ сси уарзон. Чемпионаты рамбылдта æвзист майдан, фæлæ йæхи куыд равдыста, уый йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ кусдзæн, цæмæй иннæ хатт рамбула сыгъзæрин майдан – зæгъы Артур.

Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерысты æмæ чемпионаты æдæппæтæй архайдтой 20 цæгатирыстойнаг атлетæй фылдæр. Бантыст сын рамбулын 3 сыгъзæрины, 1 æвзист æмæ 3 бронзæйæ майданы. Уымæй уæлдай ма, уыдонæй 4 спортсмены систы Уæрæсейы иугонд командæйы архайджытæ джиу – джитсуйæ. Федерацийы вице – президент Дзитойты Артур куыд зæгъы, афтæмæй Ирыстойнаг спортсменты æвдисæнтæ афæдзæй – афæдзмæ кæнынц хуыздæр.

Æвзонг спортсментæм ис бирæ нысантæ. Хæстæгдæр рæстæг ацæудзысты турниртæ, уыимæ Уæрæсейы кубок рамбулыны турнир дæр. Европæйы фыццаг бынат рамбулыны ерыстæ джиу – джитсуйæ ацæудзысты апрелы, Бухаресты. Цæгат Ирыстонæй дзы архайдзæн 3 спортсмены.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania