филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:30 суббота, 18 мая 2024
09 декабря 2020, 11:20
2038-æм азмæ бирæфатерон хæдзæртты хъуамæ цалцæгæн куыстытæ æрцæуа 17,5 миллиарды сомы аргъæн

Уый тыххæй республикæйы хицауады æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæн

2038-æм азмæ бирæфатерон хæдзæртты хъуамæ цалцæгæн куыстытæ æрцæуа 17 миллиарды æмæ 500 милуан сомы аргъæн. Уый тыххæй республикæйы хицауады æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæн. Йæ доклады ведомствæйы разамонæг загъта, финансты иу хай ист кæй цæуы бюджетон фæрæзтæй, фæлæ фылдæр хай та адæмы фæрæзтæй. 2018-æм азæй фиддонты бæрц 18% схызт 40%. Ам раззагдæр бынат ахсы Мæздæджы район. Фæстейы зайынц Æрæфы æмæ Рахизфарсы районтæ. Уый уымæн, æмæ адæмимæ æмбырынгæнæн куыст лæмæгъ кæй у. Министр ма фехъусын кодта, тарифы бæрц иннæ аз кæй фæфылдæр уыдзæн. Кæд ныронг уыд 5 сомы æмæ 25 капеччы, уæд ныр та 5 сомы æмæ 45 капеччы. Цæмæй фидæны 15 азы куыст сбæлвырд кæной, уый тыххæй та хъæуы республикæйы цæрæнуæтты фонды инвентаризаци скæнын. Тускъаты Таймураз районты сæргълæуджыты æргом аздæхта, ацы куыст ахсджиаг кæй у, уымæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania