28 февраля 2024, 11:53
22 милуан сомы радих кæндзысты ацы аз Фæскомцæдисон парк саив кæнынæн
Уый тыххæй Парламенты æмбырды фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав
22 милуан сомы радих кæндзысты ацы аз Фæскомцæдисон парк саив кæнынæн. Уый тыххæй Парламенты æмбырды фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Уымæй дарддæр горæты бюджеты фылдæр хай схардз кæндзысты социалон фарстатæ алыг кæныныл. Ацы аз национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæст кæнгæйæ, сцалцæг кæндзысты фæндæгты 24 уаццаджы. Уыцы нысантæн радих кæндзысты 518 милуан сомæй фылдæр. Æмбырды боны фæткы ахсджиагдæр фарстатæй ма иу уыд – сидзæртæн, æмæ æнæ ныййарджыты цæстдардæй чи хъомыл кæны, ахæм сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттын.
темæмæ гæсгæ