филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:41 понедельник, 13 мая 2024
05 июля 2019, 15:55
280 бынаты кæм ис, ахæм рæвдауæндон байгом кодтой Дзæуджыхъæуы

У нæ республикæйы, скъолайы агъоммæйы æппæтæй стырдæр æмæ нырыккондæр ахуыргæнæндон

280 бынаты кæм ис, ахæм рæвдауæндон байгом кодтой Дзæуджыхъæуы. У нæ республикæйы, скъолайы агъоммæйы æппæтæй стырдæр æмæ нырыккондæр ахуыргæнæндон. Ис дзы 5 корпусы, музыкалон æмæ спортивон залтæ, хицæн бæстыхæйттæ хæдзарадон куыстытæн æмæ медицинон блок. Ног рæвдауæндон байгом кодтой кадджын уавæры. Сывæллæтты æмæ сæ ныййарджыты цины æнкъарæнты тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Ног рæвдауæндоны ис 15 къорды. Республикæйы нымад у æппæты стырдæрыл æмæ нырыккондæрыл. Йе ддаг бакаст дæр у æнахуыр, куклаты хæдзары хуызы. Ис дзы 280 сывæллонæн бынат. Скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндонмæ рады лæууыны хъуыддаг ныр баззад фæстейы.

Сывæллæтты рæвдауæндон арæзт æрцыди федералон прогроаммæмæ гæсгæ. Æрбынат кодта Дзæуджыхъæуы Джыккайты Шамилы уынджы. Йæ алыварс ис бирæ ног хæдзæрттæ, йæ фарсмæ йын аразынц скъола дæр.

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй рæвдауæндæттæм рад хъуамæ нæ уа 2021-æм азмæ. Бузныг загъта аразджытæн сæ хæрзхъæд куысты тыххæй. Ног рæвдауæндоны ис 5 стыр бæстыхайы. Ис дзы бассейн дæр. Йæ дæргъ у, 7 метры. Ноджыдæр ма – спортивон залтæ, медицинон блок, стæй æндæр хъæугæ агъуыстытæ.

Хæринаггæнæн блок конд у нырыккон кусæнгрæзтæй конд, алыхуызон продукттæн дзы хицæн цехтæ. Сывæллæттæн хæринаг æрвитдзысты сæрмагонд хæрдмæисæнтæй. Уый фенцондæр кæндзæн куысджыты архайд.

Рæвдауæндоны аразгæйæ спайда кодтой хæрзхъæд æрмæгæй, зæгъы подрядон организацийы разамонæг.

Ахуырады æмæ наукæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ рæвдауæндæттæм рады лæууы 3 мин сывæллонмæ хæстæг. Се ппæтæн дæр бынæттæ скæнын нысан кæнынц дыууæ азы æмгъхуыдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania