филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:16 вторник, 30 апреля 2024
23 января 2024, 11:46
300 спортсменæй фылдæр архайынц Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат рамбулыны ерысты грекъаг-римаг хъæбысхæстæй

Ацы мадзалы уæлахиздзаутæ архайдзысты Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерысты æвзонг спортсменты хсæн. Ацæудзæн мартъийы райдайæн, Владивостокы.

300 спортсменæй фылдæр архайынц Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат рамбулыны ерысты грекъаг-римаг хъæбысхæстæй. Цæудзысты 24-æм январы онг. Ерыстæ арæзт æрцыдысты, федералон проект «Спорт – норма жизни» æххæст кæнгæйæ. Спорты галуан «Манеж»-ы гауызмæ рахызтызты Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы 30 спортсменæй фылдæр, 18 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Се хсæн – бæстæйы фыццаг бынат рамбулыны ерысты уæлахиздзау Абæциаты Рустем, Европæйы фыццаг бынат рамбулыны ерысты уæлахиздзау Мæргъиты Марат æмæ Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерысты уæлахиздзау Георгий Бутхудзе. Ацы мадзалы уæлахиздзаутæ архайдзысты Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерысты æвзонг спортсменты хсæн. Ацæудзæн мартъийы райдайæн, Владивостокы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania