18 января 2022, 12:23
400 лæппуйы æмæ чызджы бацархайдтой республикон ерысты армрестлингæй
Спортивон хъæбысхæстæй цæттæгæнæн центры сбæрæг кодтой республикон форумы уæлахиздзауты æмæ призерты
400 лæппуйы æмæ чызджы бацархайдтой республикон ерысты армрестлингæй. Спортивон хъæбысхæстæй цæттæгæнæн центры сбæрæг кодтой республикон форумы уæлахиздзауты æмæ призерты. Уымæй дарддæр равзæрстой Уæрæсейы юниорты чемпионатмæ чи ацæудзæн, уыцы фæсивæды. Ацæудзæн горæт Орелы 1 – 6 мартъийы онг. Командæйы хыгъды уыдзысты, йæхи уæзы категорийы фыццаг дыууæ бынаты чи бацахса, уыцы спорстментæ.
темæмæ гæсгæ