Дыууæ мæйы дæргъы йæ архайджытæ, 14 азæй – 35 азы онг кæуыл цæуы, ахæм адæм ахуыр кæндзысты амалхъомдзинады бындуртæ
5 мин адæймагæй фылдæр сæхи сæвæрдтой хыгъды, ахуырадон программæ «Alania business accelerator»-ы дыккаг къæпхæны. Райдыдта ацы бонты. Дыууæ мæйы дæргъы йæ архайджытæ, 14 азæй – 35 азы онг кæуыл цæуы, ахæм адæм ахуыр кæндзысты амалхъомдзинады бындуртæ. Ацы мæй нысан кæнынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ аразын. Баст уыдзысты нысантæ æмæ финансон модельтæ аразынимæ, стæй гранттæ æмæ субсидитæ райсынæн курдиæттæ фыссынимæ. Майы та фæсивæды ахуыр кæндзысты презентацитæ æмæ хи бизнес-пълан аразыныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахуырадон курс «Alania business accelerator» конд æрцыд экономикæйы Уæлдæр скъолайы æмæ Сколковы университеты специалистты æххуысæй. Йæ саразыны хъæппæрис та разынд республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ.