12 января 2021, 12:07
58-æм æфсады гранатометчиктæн хæстон æхстытæй ахуыртæ арæзт æрцыдысты Хуссар Ирыстоны полигоны
Æдæппæтæй ахуырты архайдтой 100 службæгæнæгæй фылдæр
Уæрæсейы æфсæддон базæйы 58-æм æфсады гранатометчиктæн хæстон æхстытæй ахуыртæ арæзт æрцыдысты Хуссар Ирыстоны полигоны. Æдæппæтæй ахуырты архайдтой 100 службæгæнæгæй фылдæр. Хæстон æхстыты рæстæг пайда кодтой нырыккон æфсæддон быцæуты фæлтæрддзинадæй. Ахуырты ма пайда кодтой ныхмæлæууæджы техникæйы хуызы мысантæй. 58-æм æфсады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй æфсæддонтæ бафтыдтой сæ фæлтæрддзинадыл сгарæн куысты, стæй мысан æхсыны алы хуызты.
темæмæ гæсгæ