филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:53 понедельник, 02 ноября 2026
24 октября 2026, 10:18
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы Хохы Саниба æмæ Хъæрмæдоны астæу фæндаджы арæзтад

Транспортон бастдзинад хæлд æрцыдис  2002-æм азы

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы Хохы Саниба æмæ Хъæрмæдоны астæу фæндаджы арæзтад. Транспортон бастдзинад хæлд æрцыдис  2002-æм азы. Ныртæккæ специалисттæ фидар кæнынц фæндаджы бындур æмæ йæ фæрстæ. Арæзтад цæуы Национ проект «Инфраструктурæ — цардæн»  æххæстгæнгæйæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзуырдзæн Чехойты Фатимæ.

Хæххон дымгæтæ æмæ къæвдаджын бонтæ специалистты нæ къуылымпы кæнынц. Хъæрмæдоны комы цæуы республикæйы æппæты бæрзонддæр уæлвæзады хиды арæзтад. Бабæтдзæн Хохы Саниба æмæ Хъæрмæдон, 2022-æм азы Хъолайы цъитийы рацыды размæ куыд уыдис, афтæ. Цалдæр азы машинæты шофыртæ агуырдтой иуварсцæуæг фæндæгтæ. Хохаг рельефыл кусын æнцон нæу. Специалисттæ аразынц 2 хиды:  Хъæриудоны æмæ Гæналдоны сæрты, фыццаг уыдзæнис 78 метры дæргъæн, иннæ та — 60. Хидтæ суыдзысты, дыууæ хъæуы чи бæтдзæн, уыцы фæндаджы арæзтады ахсджиаг хай.

Ныртæккæ специалисттæ фæвæййынц фæндаджы æппæты быннаг хай æвæрд — бахъуыдис ын 80 мин кубы зæхцъар. Уæрæхгонд цæуы фæндаджы бындур. Аразынц æдасдзинады нырыккон конструкцитæ. Проектмæ гæсгæ фæндаггон дарæс уыдзæнис асфальт æмæ бетонæй, æххæст кæндзæн æппæт домæнтæн.

Фæндаджы арæзтад кæронмæ фæуынвæнд кæнынц 2027-æм азы.  Куыстытæ цæуынц национ проект «Инфраструктурæ — цардæн» æххæстгæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania