филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:53 вторник, 03 ноября 2026
17 апреля 2025, 10:35
12-æм апрелы Триандофиловы уынджы тыхджын зынгсирвæзты басыгъд хæдзар

Арт бæстыхайыл апарахат цалдæр минутмæ

Дзæуджыхъæуккаг бинонтыл æрцыд бæллæх. 12-æм апрелы Триандофиловы уынджы тыхджын зынгсирвæзты басыгъд хæдзар. Арт бæстыхайыл апарахат цалдæр минутмæ. Зынгхуыссынджыты æвæстиат æххуысы фæрцы дæр æй нæ бантыст бахъахъхъæнын. Бинонтæн сæ къухы бафтыд æрмæст документтæ райсын. Ныр сæ хъæуы æххуыс.

Цалдæр минуты æмæ хæдзар уайтагъд ссыгъд. 12-æм апрелы райсомы 7 сахатыл Елойты Элинæ райхъал сыгъды тæфæй. Сылгоймаг фыццаг æмбаргæ дæр нæ бакодта, цы æрцыдис, уый. Сфæнд кодта 2-аг уæладзыгмæ схизын, уырдыгæй зындис арт. Уайтагъд бавнæлдта зынгсирвæзт хуыссын кæнынмæ, фæлæ æрæгмæ уыд. Дыккаг уæладзыг хъæдæй конд уыд æмæ арт тагъд апарахат. Арт хуыссын кæнгæйæ Элинæ басыгъдта йæ цæсгом æмæ къух. Йемæ хæдзары уыдысты йæ 2 сывæллоны – Дзамболат æмæ Дианæ.

Елойны Элинæйы чызг куыд зæгъы, афтæмæй тынг фæтарстысты. Йе *фсымæримæ уынгмæ ралыгъдысты. Фæздæгмæ сæмбырд сты хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæ дæр. Сыхаг Ларисæ афоныл бадзырдта зынгхуыссынгæнджытæм, стæй йæхæдæг æрлæууын кодта электрон тыхы æмæ газы цыд.

Зынгсирвæзты фæстæ баззад æрмæст хæдзары разуынд. Басыгъд æппæт техникæ, хъæддзаума, уæлæдарæс. Райсын бантыст æрмæст документтæ. Ныртæккæ Елойты Элинæ ис рынчындоны, сывæллæттæ рæстæгмæ цæрынц хæстæджытæм. Зынгхуыссынгæнджыты бригад бынатмæ афоныл æрбацыд. Зынгсирвæзты иумæйаг фæзуат уыд 200 квадратон метры бæрц. Ахуыссын кæнын æй бантыст 40 минутмæ. Йæ аххосаг сбæрæг уыдзæн экспертты уынаффæйы фæстæ.

Зынгсирвæзты фæстæ бинонтæн баххуыс кæнынæн расидтысты æхца æмбырд кæнын. Цалдæр бонмæ бантыст 160 мин сомы бæрц сæмбырд кæнын. Фæрæзтæ арвитæн ис, экраныл цы реквизиттæ нысангонд ис, уыдонмæ гæсгæ, гæнæн ма ис бинонтæн радтын аразæн æрмæджытæ æмæ хæдзары дзаумæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania